15 Израилаг бӕрнылӕгтӕ фараонмӕ сӕ хъаст бахастой: «Дӕ цагъартӕ куы стӕм, уӕд нӕ афтӕ цӕмӕн ӕфхӕрыс?
уым ахӕстытӕ дӕр ссарынц ӕнцой, сӕ цӕстдарджыты хъӕр нал фӕхъусынц.
Израилӕгты, сӕ тых сын чи сӕтта, ахӕм уӕззау куыстытыл бафтыдтой. Цӕстдарджытӕ сын сӕвӕрдтой ӕмӕ сын фараонӕн дыууӕ сахары саразын кодтой ӕфтауцуатӕн — Питом ӕмӕ Рамсес.
Фараоны цӕстдарджытӕ та, Израилы адӕмы сӕргъы кӕй сӕвӕрдтой, уыцы хъахъхъӕнджыты надтой, цы ’мбӕлы, уый цӕуылнӕ кӕнут, зӕгъгӕ, ӕмӕ дзырдтой: «Самандуртӕ ныронджы бӕрц куыд уа!»
Махӕн, дӕ цагъартӕн, хъӕмп нал дӕттынц, афтӕмӕй нӕ самандуртӕ агурынц. Нӕмынӕй нӕ ауӕрдынц дӕ цагъартыл. Стыр тӕригъӕд у уый дӕ адӕмӕн!»