36 Ӕврагъ-иу Цатырӕй йӕхи хӕрдмӕ куы систа, уӕд-иу Израилы адӕм араст сты сӕ радон балцы,
уӕддӕр сӕ Де стыр хорзӕхы фӕрцы ӕдзӕрӕг быдыры нӕ ныууагътай: мигъы цӕджындз сӕ сӕрмӕ цыди боныгон ӕмӕ сын амыдта фӕндаг, судзгӕ арты цӕджындз та — ӕхсӕвыгон ӕмӕ рухс кодта сӕ развӕд.
Се ’наккаг митӕй фегад кодтой сӕхи, сӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — хъахбай митӕ.
Мигъ-иу йӕхи куы систа Уаз Цӕрӕнӕй, уӕд-иу израилӕгтӕ сӕ фӕндаг адардтой, мигъ-иу кӕм ӕрбадт, уым та-иу рӕсӕнуат скодтой.
Дыууӕ боны, мӕй ӕви фылдӕр, цасфӕнды лӕууӕд мигъ Уаз Цӕрӕны сӕрмӕ — сӕ бынаты лӕууыдысты израилӕгтӕ ӕмӕ фӕндаджы кой нӕ кодтой, фӕлӕ-иу мигъ йӕхи куы систа, уӕд-иу уайтагъд цӕуынмӕ фесты.
Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, нӕ фыдӕлтӕ иууылдӕр ӕврагъы дӕлбазыр кӕй уыдысты ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Сырх денджызыл кӕй ахызтысты, уый.