32 Фембӕлды Цатырмӕ кӕнӕ-иу нывондхӕссӕнмӕ куы цыдысты, уӕд, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Дӕ бӕлоны уд знӕгты къухмӕ ма ратт, Дӕ зӕрдӕсаст адӕмы рохуаты ма ныууадз бынтон.
Аарон ӕмӕ йӕ фыртты ӕрбакӕн Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕмӕ сӕ донӕй ӕрӕхс.
Цатыры сӕрыл ӕрытыдта ӕмбӕрзӕн, ууыл та — дыккаг ӕмбӕрзӕн, — Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Уым Моисей, Аарон ӕмӕ Аароны фырттӕ ӕхсадтой сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ,
Моисей Цатыры алыварс скодта кӕрт ӕмӕ кӕрты бацӕуӕныл ӕрцауыгъта дуарӕмбӕрзӕн. Ууыл Моисей фӕци Фембӕлды Цатыр аразыны ӕппӕт куыстытӕ дӕр.
Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ сӕ банымадта Моисей Синайы ӕдзӕрӕг быдыры.