31 Уым Моисей, Аарон ӕмӕ Аароны фырттӕ ӕхсадтой сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ,
Уӕд ӕз фӕуӕлахиз уыдзынӕн, чи мыл ӕртыхсти, уыцы фыдгултыл ӕмӕ Дунедарӕджы Цатыры ӕрхӕсдзынӕн нывӕндтӕ, стаудзынӕн Ӕй, зардзынӕн Йӕ кадӕн.
Цатырӕй нывондхӕссӕны ’хсӕн ӕрӕвӕрдта хихсӕн аг ӕмӕ дзы дон ныккодта.
Фембӕлды Цатырмӕ кӕнӕ-иу нывондхӕссӕнмӕ куы цыдысты, уӕд, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Йесо йын загъта: «Ӕхсадӕн ӕрмӕст йӕ къӕхтӕ цӕхсын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ӕгасӕй дӕр сыгъдӕг у. Сымах дӕр сыгъдӕг стут, ӕрмӕст уе ’ппӕт нӕ».
Хуыцау Йӕхӕдӕг рухсы куыд ис, кӕд мах дӕр афтӕ рухсы цӕрӕм, уӕд нын кӕрӕдзиимӕ ис иудзинад, ӕмӕ нӕ Йӕ Фырт Йесойы Туг сыгъдӕг кӕны алы тӕригъӕдӕй дӕр.
Мах нӕ тӕригъӕдтыл ӕргомӕй куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын Уый, иузӕрдион ӕмӕ раст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ныббардзӕн нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн алы галиу хъуыддагӕй дӕр.