Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 40:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕрӕвӕрдта иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 40:29
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕджы Кувӕндоны раз уымӕй размӕ цы ӕрхуы нывондхӕссӕн уыд, уый ныр Кувӕндонӕй ног нывондхӕссӕны ’хсӕн фӕци, ӕмӕ йӕ Ахаз йӕ бынатӕй феггуырсын кодта ӕмӕ йӕ ног нывондхӕссӕнӕн йӕ цӕгатварс ӕрӕвӕрдта.


Цатыры бацӕуӕныл ӕрцауыгъта дуарӕмбӕрзӕн.


Цатырӕй нывондхӕссӕны ’хсӕн ӕрӕвӕрдта хихсӕн аг ӕмӕ дзы дон ныккодта.


Йӕ къӕсӕры ракомкоммӕ йын ӕрӕвӕр иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн.


Уыцы лӕг сбарста кӕрт дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр, ӕмӕ дыууӕрдӕм дӕр уыд фӕйнӕ сӕдӕ ӕлмӕрины — ӕмхуызон цыппӕрдигъон. Кувӕндоны раз лӕууыди нывондхӕссӕн.


Ӕмӕ мын уый загъта: «Адӕймаджы фырт! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: мӕнӕ нывондхӕссӕны уагӕвӕрдтӕ, куы йӕ саразой ӕмӕ йыл иууылсудзинӕгтӕ хӕссын ӕмӕ нывӕндты туг пырх кӕнын куы райдайой, уыцы бонмӕ.


Дунедарӕг фӕсидти Моисеймӕ Фембӕлды Цатырӕй ӕмӕ йын загъта:


Куырмытӕ! Ахсджиагдӕр цы у: нывонд ӕви йӕ чи сыгъдӕг кӕны, уыцы нывондхӕссӕн?


Махӕн ис, Уаз цатыры лӕггадгӕнджытӕн хӕрыны бар кӕцӕй нӕй, ахӕм нывондхӕссӕн.


Иу хатт ӕмӕ ӕнусмӕ Чырысти бацыди Рухсмонуатмӕ — нывондаг сӕгътӕ ӕмӕ родты тугимӕ нӕ, фӕлӕ Йӕхи Тугимӕ ӕмӕ нӕ мыггагмӕ фервӕзын кодта тӕригъӕды азымӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ