23 ӕмӕ фынгыл, Дунедарӕджы раз, равӕрдта дзултӕ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Фынгыл хъуамӕ ӕвӕрай дзултӕ — ӕдзух Мӕ разы чи хъуамӕ уа, уыдон.
Фембӕлды Цатыры, хуссарӕрдыгӕй, фынджы бакомкоммӕ, ӕрӕвӕрдта цырагъдарӕн
Бахӕсс фынг ӕмӕ йыл йӕ дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕвӕр. Ӕрбахӕсс цырагъдарӕн ӕмӕ йыл йӕ цырӕгътӕ ӕрӕвӕр.
Райс ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад ӕмӕ дзы сфыц дыууадӕс тӕнӕг дзулы, алы дзулыл дӕр ссад ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайы куыд ацӕуа, афтӕ.
Дунедарӕджы раз-иу сӕ сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд фынгыл дыууӕ рӕнхъӕй ӕрӕвӕр, алы рӕнхъы дӕр ӕхсӕз дзулы куыд уа, афтӕ.
Бацыди Хуыцауы хӕдзармӕ ӕмӕ хордта, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн дӕр хӕрӕн кӕй нӕ уыди, уыцы нывонды дзултӕй — уыдонӕй ӕрмӕст сауджынтӕн хӕрын ӕмбӕлыд.
Арӕзт ӕрцыди Уаз Цӕрӕн, уымӕн йӕ фыццаг агъуыст хуынди Уаз бынат. Уым уыдысты цырагъдарӕн, фынг ӕмӕ кувинаг дзултӕ.