10 Байсӕрд иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн йе ’ппӕт дзауматимӕ. Нывондхӕссӕн снывонд кӕн Дунедарӕгӕн, ӕмӕ суыдзӕн иууылуаз.
Снывонд сӕ кӕн иууылдӕр, ӕмӕ срухс уыдзысты. Уый фӕстӕ сыл-иу цыдӕриддӕр бандзӕва, уый дӕр уыдзӕни уаз.
Байсӕрд хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ ӕмӕ йӕ снывонд кӕн Дунедарӕгӕн.
Ууыл ӕртыхсдзӕни Дунедарӕджы Уд — уӕлзонд ӕмӕ ӕмбарынады Уд, уынаффӕ ӕмӕ хъомысы Уд, зонынады ӕмӕ Дунедарӕгӕн аргъуыц кӕныны Уд.
Мӕныл ис Дунедарӕг Хуыцауы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн фарны уац фехъусын кӕнынмӕ, састзӕрдӕты сдзӕбӕх кӕнынмӕ, уацайрӕгтӕ ӕмӕ ахӕстытӕн, се ссӕрибары рӕстӕг кӕй ралӕууыд, уый зӕгъынмӕ.
Ӕнхъизӕн кӕнӕн ыл нӕй. Уый сын Ӕз хай кӕнын Мӕ номыл хаст нывӕндтӕй. Хойраджы хуын дӕр тӕригъӕды ӕмӕ фиддоны нывӕндтау иууылсыгъдӕг у.
Уый фӕстӕ сойӕ нывондхӕссӕн авд хатты бапырх кодта, байсӕрста йӕ йе ’ппӕт дзаумаимӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ, цӕмӕй сӕ срухс кӕна.
Зӕд ын дзуапп радта: «Сыгъдӕг Уд дыл Йӕхи ӕруадздзӕн, Дунедарӕджы тых дӕ бакӕндзӕни йӕ дӕлбазыр. Афтӕмӕй дӕ цы Хъӕбул райгуыра, Уый уыдзӕни сыгъдӕг, ӕмӕ Йӕ схондзысты Хуыцауы Фырт.
Ӕмӕ уыдоны сӕраппонд Ӕз Мӕхи нывонд кӕнын Дӕуӕн, цӕмӕй уыдон дӕр ӕцӕгады фӕрцы Дӕу бауой.
Хуыцау Кӕй рарвыста, Уый Хуыцауы ныхӕстӕ дзуры, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Удӕй барстӕй нӕ дӕтты.
Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ — Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, Уый нӕ ссӕрибар, сраст ӕмӕ ссыгъдӕг кодта,
Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.
Растдӕр нын ахӕм Алчер хъуамӕ уыдаид: сыгъдӕг, фыдбылызмӕ ӕнӕмхиц, ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр ссӕуӕг.