29 Ацыдысты Моисей ӕмӕ Аарон ӕмӕ ӕрӕмбырд кодтой Израилы адӕмы хистӕрты.
Ӕмӕ сӕм уӕд Уый дӕр Йӕ къух систа, цӕмӕй сӕ ӕдзӕрӕг быдыры бабын кӕна,
Моисей ӕрхызти хохӕй, адӕмы хистӕртӕм басидт ӕмӕ сын, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕппӕт ныхӕстӕ дӕр рафӕзмыдта.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ссу Мӕм хохы сӕрмӕ. Демӕ ракӕн Аарон, Надав ӕмӕ Авигуйы ӕмӕ Израилы хистӕртӕй дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы. Дардӕй-иу Мӕм бакувут.
Ӕмӕ Хуыцау Йӕ къух нӕ систа Израилы фӕтӕгтӕм: уыдон федтой Хуыцауы ӕмӕ минас кодтой уыцы ран.
Цу ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы хистӕрты ӕмӕ сын зӕгъ, ӕргом мӕм, зӕгъ, рацыд уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау, ӕмӕ мын загъта: „Ӕз уӕм ӕркастӕн ӕмӕ федтон, Мысыры уын цытӕ кӕнынц, уый.