28 Моисей Ааронӕн радзырдта, Дунедарӕг ӕй цы ныхӕстимӕ рарвыста, цы диссӕгтӕ бакӕнын ын бафӕдзӕхста, уый.
Моисей ӕрхызти хохӕй, адӕмы хистӕртӕм басидт ӕмӕ сын, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕппӕт ныхӕстӕ дӕр рафӕзмыдта.
Хуыцау ын загъта: «Ӕрбацу-ма хӕстӕг. Дӕ дзабыртӕ ралас — цы бынаты лӕууыс, уый у уаз зӕхх.
«Марадз, хъуыстгонд стыр сахар Ниневимӕ ацу ӕмӕ адӕмӕн, Ӕз дын цы зӕгъын, уый фехъусын кӕн».
Моисей израилӕгтӕн рафӕзмыдта, Дунедарӕг ын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ.
Уый йын дзуапп радта: „Нӕ мӕ фӕнды“. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕрхудти йӕхиуыл ӕмӕ ацыди.