Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 4:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Дунедарӕг Ааронӕн загъта: «Ӕдзӕрӕг быдырмӕ Моисейы размӕ ацу». Уый фӕраст ис, фембӕлд ыл Хуыцауы хохы рӕбын ӕмӕ йын аба кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 4:27
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый фӕстӕ Йаков Рахелӕн аба кодта ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдта.


Илийа сыстади, бахордта ӕмӕ бануӕзта. Уыцы хӕрд-нозт ын уыйас ахъаз фӕцис, ӕмӕ фӕцыди дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы, цалынмӕ Хуыцауы хохмӕ, Хоревмӕ, бахӕццӕ ис, уӕдмӕ.


Ӕмӕ сӕм уӕд Уый дӕр Йӕ къух систа, цӕмӕй сӕ ӕдзӕрӕг быдыры бабын кӕна,


Ифро сӕ бакодта Моисеймӕ, Хуыцауы хохы рӕбынмӕ, Моисей йӕ рӕсӕнуат кӕм ӕркодта, уырдӕм


Моисей йӕ каисы размӕ рауади, йӕ сӕрӕй йын ныллӕг акуывта ӕмӕ йын аба кодта. Кӕрӕдзийӕн салам куы радтой, уӕд цатырмӕ бацыдысты.


Моисей ссыди хохы сӕрмӕ, ӕмӕ йын Дунедарӕг загъта: «Йаковы хӕдзарвӕндагӕн, израилӕгтӕн, афтӕ зӕгъ:


Арв нӕрыд ӕмӕ ӕрттывта, уасыд сыкъауадындз, фӕздӕг калдта хох. Адӕм уыдтой ӕмӕ хъуыстой ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ дӕрддзӕф алӕууыдысты.


Ӕмӕ Моисей йе ’ххуысгӕнӕг Йешуаимӕ ссыди хохы сӕрмӕ.


Моисей хызта йӕ каис Ифройы, мидианаг сауджыны, лыстӕг фос. Иуахӕмы дзуджы фӕстӕ дзӕвгар бауад ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ бафтыди Хуыцауы хох Хоревы рӕбынмӕ.


Уӕд Дунедарӕг ныууагъта Моисейы. (Йӕ лӕппуйӕн сунӕт кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ загъта Циппора Моисейӕн, туджы фӕрцы дӕ мӕ мойаг, зӕгъгӕ.)


Ӕмбалимӕ цӕрын хуыздӕр у, дыууӕ лӕджы куыстӕн мызд хуыздӕр фидынц.


Сыст, ӕрхиз ӕмӕ ацу семӕ. Мисхалы бӕрц дӕр гуырысхо ма кӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз рарвыстон».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ