20 Моисей йӕ ус ӕмӕ йӕ фыртты хӕрӕгыл сӕвӕрдта, Хуыцауы лӕдзӕг йемӕ райста ӕмӕ араст ис Мысырмӕ.
Ды та дӕ лӕдзӕгӕй денджызмӕ ацамон, дон фӕйнӕрдӕм акӕлдзӕн, ӕмӕ израилӕгтӕ денджызы астӕуты сур зӕххыл цӕуӕгау ацӕудзысты.
Моисей Йешуайӕн загъта: «Равзар, амалекӕгты ныхмӕ кӕимӕ ралӕууай, ахӕм лӕгтӕ. Ӕз та райсом, Хуыцауы лӕдзӕг мӕ къухы, афтӕмӕй къуыбырыл ӕрлӕудзынӕн».
ӕмӕ йӕм фӕхабар кӕнын кодта: «Ӕрбацыди дӕм дӕ каис Ифро дӕ ус ӕмӕ дӕ фырттимӕ».
Лӕппу сын райгуырд, ӕмӕ йыл Моисей сӕвӕрдта ном Гершом ӕмӕ загъта: «Ацы ном нысан кӕны, ӕз ӕцӕгӕлон зӕххыл ӕрцӕуӕггаг кӕй дӕн, уый».
Айс демӕ ацы лӕдзӕг — уый ӕххуысӕй диссӕгтӕ сараздзынӕ».
Дунедарӕг ӕй бафарста: «Уый та дӕ къухы цы ис?» Моисей дзуапп радта: «Лӕдзӕг».
Уыцы ныхӕстимӕ Моисей йӕ лӕдзӕгӕй дыууӕ хатты ныццавта къӕдзӕх. Къӕдзӕхӕй уый бӕрц дон фемӕхст, ӕмӕ адӕмӕн дӕр ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр фаг уыд.
Моисей уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд алыгъд ӕмӕ ӕрцард ӕцӕгӕлон мидианаг бӕстӕйы. Ам ын райгуырди дыууӕ фырты.