21 Риуылдарӕны бинаг цӕгтӕ ефоды цӕгтимӕ бабастой ӕрвхуыз синагӕй, астӕубосы сӕрмӕ риуылдарӕн ефодыл ӕнгом куыд бада. Дунедарӕг афтӕ бафӕдзӕхста Моисейӕн.
оникс ӕмӕ фӕлгӕты бавӕргӕ ӕндӕр зынаргъ дуртӕ — ефод ӕмӕ риуылдарӕн фӕлындынӕн.
Ефодӕн йӕ астӕубос дӕр хъуамӕ уа, йӕхӕдӕг цӕмӕй у, уымӕй: сыгъзӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй ӕмӕ здыхт гӕнӕй.
Ноджы ма скодтой дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кодтой ефоды раззаг хаймӕ, бынӕй, ефодӕн йӕ астӕубосы сӕрмӕ.
Ефоды бын дарынӕн бауафтой пӕлӕз, ӕгасӕй дӕр — ӕрвхуыз тӕбынӕй.
Уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы «ӕдылыдзинад» адӕймаджы зондӕй уӕлдӕр у, ӕмӕ Хуыцауы «лӕмӕгъдзинад» адӕймаджы хъаруйӕ хъаруджындӕр у.
Фӕлӕ Хуыцау сӕвзӕрста, дунейы цӕсты ӕдылы чи у, уыдоны, цӕмӕй фӕкъӕмдзӕстыг кӕна зондджынты, ӕмӕ лӕмӕгъты — цӕмӕй фӕкъӕмдзӕстыг кӕна тыхджынты.