Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 38:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай лӕгӕй, ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ йӕхи чи сфыста, уыдонӕй алкӕмӕй дӕр ист ӕрцыд ӕвзисты шекелы ӕмбис, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 38:26
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Рамсесӕй Суккотмӕ фистӕгӕй чи араст ис, уыдон, сабитӕ ӕмӕ сылгоймӕгты нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ мин лӕджы бӕрц.


«Израилӕгты сфыст куы аразай, уӕд-иу сӕ алчидӕр йӕхи номыл раттӕд фиддон Дунедарӕгӕн, цӕмӕй сыл сфысты аххосӕй мацы бӕллӕх ӕрцӕуа.


Алы израилаг нӕлгоймаг дӕр, ссӕдзаздзыдӕй уӕлӕмӕ, фидӕд ӕвзисты шекелы ӕмбис, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ. Шекелы ис ссӕдз герайы. Уыцы шекелы ӕмбис — мысайнаг Дунедарӕгӕн.


Уаз Цӕрӕны цӕджындзты ӕмӕ йӕ мидӕмбӕрзӕны цӕджындзты бынӕнцайӕнтӕн бахъуыди ӕвзисты сӕдӕ таланты, сӕдӕ бынӕнцайӕнӕн — сӕдӕ таланты, иу бынӕнцайӕнӕн — иу талант.


«Израилы дзыллӕйы мыггаггай, хӕдзаргай банымайут — нӕлгоймӕгты се ’ппӕты дӕр номхуындӕй.


Израилы хӕстхъомтӕй ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыдоны нымӕц Ааронимӕ бахынцут.


уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы.


Уый — хӕдзарвӕндаггай израилӕгты сфыстмӕ чи бахауд, уыдон. Ӕдӕппӕтӕй се ’фсады, алы къорд дӕр хынцгӕйӕ, уыдис ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы.


«Сӕрӕй кӕронмӕ хӕдзаргай банымайут, ӕфсадмӕ бацӕуинаг чи у, уыцы израилӕгты, ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыдоны се ’ппӕты дӕр».


Израилӕгтӕй нымад чи ӕрцыд, уыдоны нымӕц — ӕхсӕсӕдӕ иу мин авдсӕдӕ ӕртын.


Капернауммӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Кувӕндоны хъалонисджытӕ бацыдысты Петрмӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Уӕ Ахуыргӕнӕг нын дыууӕ драхмӕйы нӕ ратдзӕн?»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ