24 Уаз Цӕрӕн йе ’ппӕт дзауматимӕ саразынӕн нывондаг сыгъзӕрин бахъуыди фараст ӕмӕ ссӕдз таланты ӕмӕ авдсӕдӕ ӕртын шекелы, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.
«Израилӕгтӕн зӕгъ, ӕмӕ Мын мысайнӕгтӕ ӕрӕмбырд кӕной. Кӕй цы фӕнды, уый раттӕд.
Иууылдӕр сӕ Аарон ӕмӕ йӕ фыртты къухтӕм ратт ӕмӕ сын сӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисын кӕн, нывонд Ын кӕй сты, уый охыл.
хӕрздӕфгӕнӕг касси — фондзсӕдӕ шекелы, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ, стӕй оливӕйы сой — иу гин.
Ӕрбацыдысты-иу нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сӕ устытӕ, семӕ-иу ӕрбахастой сӕ зӕрдиаг лӕвӕрттӕ — сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ: фындзцӕгтӕ, хъусцӕджытӕ, къухдарӕнтӕ, фӕрдгуытӕ. Уыцы сыгъзӕринтӕ хастой Дунедарӕгӕн.
Нысангонд ӕргътӕ иууылдӕр хъуамӕ нымад цӕуой кувӕндоны шекелтӕй, алы шекелы дӕр — ссӕдз герайы.
уӕд ссӕдз азӕй ӕртиссӕдз азы онг нӕлгоймагӕн йӕ аргъ уӕд дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист шекелы, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.
«Исчи ӕнӕбары, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд чындӕуыд, уыдонӕй истӕй ныхмӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыр ӕмӕ йӕ ӕрхӕссӕд фиддоны нывондӕн. Аргъгонд ын хъуамӕ ӕрцӕуа кувӕндоны ӕвзист шекелтӕй.
Ӕвзист дӕр ӕмӕ сыгъзӕрин дӕр Мӕн сты, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Мӕйдзыд сабийы ныхмӕ райсын ӕмбӕлы ӕвзисты фондз шекелы, кувӕндоны шекелтӕй (иу шекелы — ссӕдз герайы).
уыдонӕй алкӕй ныхмӕ та райс фӕйнӕ фондз шекелы, кувӕндоны шекелтӕй, алы шекелы дӕр — ссӕдз герайы.