Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 38:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Мӕнӕ Фембӕлды Цатыр саразыны хӕрдзтӕ. Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сӕ бахыгътой левиттӕ, сауджын Аароны фырт Итамар сӕ сӕргъы, афтӕмӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 38:21
31 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Амрамы цот: Аарон, Моисей ӕмӕ Мариам. Аароны фырттӕ: Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар.


Уӕд сын паддзах фӕдзырдта сӕ сӕргълӕууӕг Йеходамӕ ӕмӕ йын загъта: «Цӕуылнӕ домыс левиттӕй, цӕмӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕй хъалон исой ӕмӕ Фидыды Цатыры хъуагдзинӕдтӕ баххӕст кӕной, сӕ заманы Дунедарӕджы цагъар Моисей ӕмӕ Израилы дзыллӕ цы уаг ӕрӕвӕрдтой, уымӕ гӕсгӕ?


Афтӕ дӕм кӕсы, цыма рӕстытӕ дзурыс ӕмӕ Хуыцауы раз сыгъдӕг дӕ.


Ӕппӕтхъомысмӕ раздах де ’ргом, ӕмӕ та ногӕй дӕ цард йӕ гаччы сбаддзӕн, ӕрмӕст фӕсур дӕ цатырӕй тӕригъӕд.


Давиды зарӕг. Хъахъхъӕн мӕ, Дунедарӕг, уымӕн ӕмӕ Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ!


Фидыды Чырыны-иу нывӕр, къӕйдуртыл фыстӕй дын цы фӕдзӕхстытӕ ратдзынӕн, уыдон.


Мидӕмбӕрзӕн ӕрцауындз къӕпсыртыл ӕмӕ йын Фидыды Чырын сӕвӕр йӕ фӕстӕ. Уыцы мидӕмбӕрзӕн уыдзӕни Рухсмонуат ӕмӕ Уаз бынаты ’хсӕн ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕндзӕни.


Уаз Цӕрӕны ӕмӕ кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕны михтӕ иууылдӕр уыдысты ӕрхуыйӕ конд.


Цатыр саразыны ӕппӕт хъуыддӕгтӕ та кӕнгӕ бакодта, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ Бецалел, Хуры фырт Урийы фырт, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй.


Бахӕсс Фидыды Чырын ӕмӕ йӕ мидӕмбӕрзӕнӕй сӕхгӕн.


Аарон ракуырдта Аминадавы чызг Елишевайы, Нахшоны хойы. Уый йын ныййардта Надавы, Авигуйы, Елеазары ӕмӕ Итамары.


Левиттӕн бабар кӕн, цӕмӕй сӕ цӕст дарой Фембӕлды Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ, цыдӕриддӕр ӕм хауы, уыдонмӕ. Хӕссӕнт Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ, сӕ цӕст дарӕнт Цатырмӕ. Сӕ рӕсӕнуат — йӕ алыварс.


Левиттӕ та хъуамӕ Фембӕлды Цатыры алыварс ӕрбынат кӕной, цӕмӕй Хуыцауы азар ма баййафа Израилы дзыллӕйы: Фембӕлды Цатыр левитты бӕрны ис».


Дыккаг азӕн йӕ дыккаг мӕйы ссӕдзӕм бон мигъ йӕхи систа Фембӕлды Цатырӕй,


Дӕхи мыггагмӕ, Левийы мыггагмӕ, фӕсид, цӕмӕй дӕ уӕлхъус уой ӕмӕ дын ӕххуыс кӕной, ды дӕ фырттимӕ Фембӕлды Цатыры раз лӕггад куы кӕнай, уӕд.


куыд рӕсугъд сты дӕ цатыртӕ, Йаков, дӕ цӕрӕнтӕ, Израил!


Цы бон ӕвӕрд ӕрцыди, уыцы бон Уаз Цӕрӕн иууылдӕр мигъы аныгъуылд, изӕрӕй райсоммӕ та, цыма йӕ сӕрмӕ арт судзы, афтӕ зынди.


Уӕд Петр Йесойӕн загъта: «Хицау, мӕнӕ нын цы хорз у ам! Кӕд Дӕ фӕнды, уӕд ӕз ацы ран ӕртӕ халагъуды скӕндзынӕн: иу Дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу та Илийайӕн».


Нӕ фыдӕлтӕм ӕдзӕрӕг быдыры уыди Уаз Цӕрӕн. Моисей йӕ сарӕзта Хуыцауы амындтытӕм ӕмӕ, цы хуызӕг ын равдыста, уыдонмӕ гӕсгӕ.


Мах зонӕм: нӕ зӕххон хӕдзар, ацы халагъуд, куы ныккӕла, уӕд нын уӕлӕрвты ис цӕрӕнуат — адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы мыггагмӕйы хӕдзар.


Уый лӕггад кӕны ӕцӕг Кувӕндоны — адӕймаг нӕ, фӕлӕ, Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы Уаз Цӕрӕны.


Ныр та ӕрцыди Чырысти — ӕцӕг хорзӕхтӕ нын Чи ӕрхаста, уыцы Алчер, ӕмӕ бацыд ӕндӕр Уаз Цӕрӕнмӕ, кӕцы у ахсджиагдӕр, алцӕмӕй дӕр — ӕххӕст; уый хиконд, ома ацы дунейӕ нӕу.


Уӕдӕ растыл нымайын, цалынмӕ ма мӕ ацы буары цӕрын, уӕдмӕ уын уыдӕттӕ ногӕй уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.


Ӕмӕ уӕларвы байгом ис Хуыцауы Кувӕндон, ӕмӕ дзы разынди Йӕ Фидыды Чырын. Арв нырттывта, ӕмӕ райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, зӕхх нынкъуыст, ӕмӕ стыр их ныууарыд.


Уый фӕстӕ ӕз федтон: уӕларвы байгом ис Кувӕндон — Сыгъдӕг Цатыр.


Паддзахы бадӕнӕй ӕз фехъуыстон тыхджын хъӕлӕс: «Мӕнӕ ис Хуыцауы Уаз Цӕрӕн, Уый цӕрдзӕнис адӕмимӕ! Уыдон уыдзысты Йӕ адӕм, Хуыцау Йӕхӕдӕг уыдзӕни семӕ ӕмӕ уыдзӕн сӕ Хуыцау.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ