Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 38:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Кулдуары дуарӕмбӕрзӕн уыд алыхуызон ӕндӕхтӕй уафт — здыхт гӕн, стӕй ӕрвхуыз, игӕрхуыз ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй, уыди ссӕдз ӕлмӕрины дӕргъӕн. Йӕ бӕрзӕнд уыди фондз ӕлмӕрины, кӕрты ӕмбонд-ӕмбӕрзӕны хуызӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 38:18
5 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Рухсмонуатӕн Соломон бауафын кодта мидӕмбӕрзӕн, ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ сырх-сырхид ӕндӕхтӕй, стӕй лыстӕг гӕнӕй. Сфӕлыстой йӕ херувимты нывӕфтыдтӕй.


Цатырӕн сцӕттӕ кӕн дӕс уӕфтӕджы — здыхт гӕнӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй. Сӕ уӕлӕ — херувимты дӕсны уафт фӕлгонцтӕ.


Цатырмӕ бацӕуӕнӕн дӕр бауафын кӕн нывӕфтыд дуарӕмбӕрзӕн. Хъуамӕ уа ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй ӕмӕ здыхт гӕнӕй.


йӕ цӕджындзты бынӕнцайӕнтӕ та — ӕрхуыйӕ конд. Цӕджындзтыл — ӕвзист къӕпсыртӕ ӕмӕ ӕвзист тӕлытӕ, цӕджындзты цъуппытӕ — ӕвзистӕй астӕрд, цӕджындзтӕн се ’ппӕтӕн дӕр — ӕвзист тӕлытӕ.


Кулдуарӕн уыди цыппар цӕджындзы, ӕрхуы бынӕнцайӕнтӕ сын. Цӕджындзтыл уыди ӕвзист къӕпсыртӕ, сӕ цъуппытӕ уыдысты ӕвзистӕй астӕрд, кӕрӕдзимӕ та баст цыдысты ӕвзист уистӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ