9 Херувимтӕн сӕ базыртӕ уыдысты хӕрдмӕ тыгъд ӕмӕ афтӕмӕй ӕмбӕрзтой Фидыды Чырыны сӕр, сӕ цӕсгӕмттӕ уыдысты кӕрӕдзимӕ арӕзт, се ’ргом та — Чырыны сӕры ’рдӕм.
Федта фын: зӕххыл лӕууы, йӕ кӕрон уӕларвыл кӕмӕн ӕмбӕлы, ахӕм асин, ӕмӕ йыл Хуыцауы зӕдтӕ уӕлӕмӕ-дӕлӕмӕ хизынц.
Ратардта адӕймаджы ӕмӕ Едемы дыргъдоны цур, скӕсӕнӕрдыгӕй, сӕвӕрдта херувимты ӕмӕ, алырдӕм чи ӕвзиды, ахӕм судзгӕ-зилгӕ кард — царды бӕласмӕ фӕндаг хъахъхъӕнынӕн.
Соломон базыртыгъд херувимты сӕвӕрдта Рухсмонуаты мидӕг, кӕрӕдзийы фарсмӕ. Сӕ кӕройнаг базырты кӕрӕттӕ ӕндзӕвыдысты Кувӕндоны фӕйнӕ къулыл, сӕ иннӕ базырты кӕрӕттӕ та — кӕрӕдзиуыл.
Се ’ргом — кӕрӕдзимӕ, сӕ цӕстӕнгас — Фидыды Чырыны сӕрмӕ, херувимтӕ йын сӕ хӕрдмӕтыгъд базыртӕй ӕмбӕрздзысты йӕ сӕр.
Бецалел акъацийӕ сарӕзта фынг, йӕ дӕргъ — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх — ӕлмӕрин, йӕ бӕрзӕнд — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг.
Йӕ алыварс лӕууыдысты артуадзгӕ удгоймӕгтӕ — серафимтӕ, ӕхсӕзгай базыртӕ сын, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ дыууӕ базырӕй ӕмбӕрзта йӕ цӕсгом, йе ’ннӕ дыууӕ базырӕй — йӕ къӕхтӕ, аннӕ дыууӕ базырӕй та тӕхгӕ кодта.
Ноджы ма йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ уындзыстут, арвы дуар куыд байгом вӕййы ӕмӕ Хуыцауы зӕдтӕ Адӕймаджы Фыртмӕ куыд ӕрцӕуынц ӕмӕ фӕстӕмӕ уӕларвмӕ куыд ссӕуынц, уый».
Мах не ’ппӕт дӕр гом цӕсгомимӕ кӕсӕм Бардарӕджы кадмӕ, уыцы кад зыны махыл дӕр ӕмӕ нӕ кӕны Бардарӕджы хуызӕн — уый аразы Бардарӕг, Уый та у Уд.
цӕмӕй, уӕлӕрвты чи ис, уыцы хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕн Аргъуаны руаджы ныр зындгонд уа Хуыцауы уӕлзонд, алы хуызы йӕхи чи ӕвдисы, уый.
Уый нӕ, фӕлӕ, тӕккӕ зынаргъдӕр цы у, уый сӕраппонд — Йесо Чырыстийы базоныны сӕраппонд — ӕз ӕппӕт дӕр нымайын ницӕуыл. Чырыстийы тыххӕй ӕнӕхай фӕдӕн алцӕмӕй дӕр, ӕппӕт дӕр нымайын быроныл, цӕмӕй мӕ иунӕг хӕзна уа Чырысти,
Гуырысхойаг нӕу — нӕ уырнындзинады сусӕгдзинад стыр у: Хуыцау ӕрцыди адӕймаджы буары, Сыгъдӕг Уд Ӕй банымадта ӕназымыл, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном хъуыстгонд ӕрцыд адӕмты ’хсӕн, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд кадимӕ.
Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не ’рвиты?
Хуыцау сын раргом кодта, сӕ лӕггад сӕхи пайдайӕн нӕ, фӕлӕ уӕ сӕраппонд кӕй уыди. Ӕмӕ уыдон цы дзырдтой, уый уын ныр фехъусын кодта уӕларвӕй ӕрвыст Сыгъдӕг Уд — Цины Уац чи хӕссы, уыдоны уылты. Уыцы сусӕгдзинад арф банкъарынмӕ суанг зӕдтӕ дӕр тырнынц.