Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 37:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Фидыды Чырынӕн скодта сӕр сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, йӕ дӕргъ — дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх та — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 37:6
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид йӕ фырт Соломонӕн радта хахнывтӕ саразинаг Кувӕндонӕн, тыргътӕн, агъуыстытӕн, хӕзнадӕттӕн, уӕллаг ӕмӕ мидӕггаг уӕттӕн ӕмӕ, тӕригъӕдтӕ барст кӕм цӕуынц, уыцы бынатӕн;


Фембӕлды Цатыр, Фидыды Чырын ӕмӕ йӕ сӕр, Цатыры ӕппӕт дзауматӕ,


Хъилтӕ — Фидыды Чырын хӕссынӕн — йӕ фӕйнӕфарс цӕгты батъыста.


Сыгъзӕринӕй рацагъта дыууӕ херувимы, Фидыды Чырынӕн йӕ фӕйнӕ кӕроныл, ӕмӕ сиу сты йемӕ.


Хуыцау Ӕй снысан кодта фидауынгӕнӕг нывондӕн, цӕмӕй Йӕ Туджы фӕрцы барст ӕрцӕуой, чи Йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уымӕй Хуыцау равдыста Йӕ рӕстдзинад — бирӕбыхсаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмы нӕ бафхӕрдта сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй,


Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Фырты,


Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.


Фидыды Чырыны сӕрмӕ та — херувимтӕ, Хуыцауы кад уым кӕй ис, уый ӕвдисынӕн; сӕ дӕлбазыр уыди тӕригъӕдтӕ ныббарыны бынат. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ныр бӕлвырд дзурын нӕ хъӕуы.


Уый у Хуыцауимӕ фидауынгӕнӕг нывонд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй, ӕмӕ ӕрмӕст мах тӕригъӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ