28 Хъилтӕ скодта акъацийӕ ӕмӕ сӕ састӕрдта сыгъзӕринӕй.
ӕлдыгъгонд ӕмӕ сырхахуырст фысдзӕрмттӕ, гогырӕ сӕрак ӕмӕ акъацийы хъӕдӕрмӕг,
Сарӕзта дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кодта мӕсчъы бын, нывондхӕссӕны фӕйнӕфарс, цӕмӕй йӕ хӕссынӕн сӕ мидӕг хъилтӕ акӕнӕн уа.
Бецалел ма ноджы сцӕттӕ кодта уаз сӕрдӕн сой, стӕй дӕсны арӕзт ӕмӕ сыгъдӕг хӕрздӕфгӕнӕн.