26 Састӕрдта йӕ сыгъдӕг сыгъзӕринӕй: йӕ сӕр, йӕ фӕрстӕ алырдыгӕй ӕмӕ йӕ сыкъатӕ, стӕй йын йӕ алыварс ауагъта сыгъзӕрин мӕскъ.
Мидӕгӕй дӕр ӕмӕ йӕ ӕдде дӕр сыгъдӕг сыгъзӕринӕй састӕр, йӕ кӕрӕттыл ын сыгъзӕрин мӕскъ ауадз.
Бецалел акъацийӕ сарӕзта будсудзӕн нывондхӕссӕн. Уый уыд раст цыппаркъуымон — ӕлмӕрины йас дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр, йӕ бӕрзӕнд та — дыууӕ ӕлмӕрины. Цы сыкъатӕ йын скодта, уыдон нывондхӕссӕнимӕ уыдысты иу.
Сарӕзта дыууӕ сыгъзӕрин цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кодта мӕсчъы бын, нывондхӕссӕны фӕйнӕфарс, цӕмӕй йӕ хӕссынӕн сӕ мидӕг хъилтӕ акӕнӕн уа.