22 Цырагъдарӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр — ӕд къусгӕндтӕ, ӕд тымбылӕгтӕ, ӕд дидинсыфтӕ, ӕд къалиутӕ ӕмӕ ӕд зӕнг — уыди сыгъдӕг сыгъзӕринӕй цагъд.
Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй рацӕгъд цырагъдарӕн, йе ’ппӕт хӕйттӕ дӕр — йӕ зӕнг, йӕ къалиутӕ ӕмӕ йӕ къусгӕндтӕ, уыдоны бын тымбылӕгтӕ ӕмӕ дидинсыфтӕ — иу ӕнӕхъӕн къӕрттӕй куыд уой, афтӕ.
Цырагъдарӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр — ӕд къусчытӕ, ӕд тымбылӕгтӕ, ӕд дидинсыфтӕ, ӕд къалиутӕ, ӕд зӕнг — хъуамӕ уа сыгъдӕг сыгъзӕрины ӕнӕхъӕн къӕрттӕй цагъд.
Фыццаг дыууӕ къалиуы бынмӕ — тымбылӕг, дыккаг дыууӕ къалиуы бынмӕ — тымбылӕг, ӕртыккаг дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр — тымбылӕг; афтӕ хъуамӕ уа цырагъдарӕны ӕхсӕз къалиуы бынмӕ дӕр.
Бецалел ын скодта авд цырагъы, стӕй сыгъдӕг сыгъзӕринӕй ӕртыскӕн ӕмӕ фыййӕгтӕ.
Галты цӕд иу бонмӕ кӕй бахуым кӕнид, ахӕм сӕндон иу батӕй фылдӕр сӕн нӕ ратдзӕни, хоры хомер — ефӕйӕ фылдӕр тыллӕг».
Фидар хӕцын мӕ буарыл, мӕ дӕлбар ӕй кӕнын, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ, иннӕтӕн Фарны Уац ӕрхӕсгӕйӕ, мӕхӕдӕг хӕрзиуӕджы аккаг ма разынон.
Уӕдӕ амарут уӕ мидӕг, уӕ зӕххон ӕрдзыхъӕдӕй уӕм цы ис, уыдон: хӕтын, чъизи митӕ, ӕлгъаг монцтӕ, кӕрӕфдзинад, уымӕн ӕмӕ уый мӕнгхуыцаумӕ кувынӕй уӕлдай нӕу.