20 Цырагъдарӕнӕн йӕ зӕнгыл уыди цыппар къусгонды, миндал-ӕхсӕры дидинкъусчы хуызӕттӕ, ӕд тымбылӕгтӕ ӕмӕ ӕд дидинсыфтӕ.
Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй рацӕгъд цырагъдарӕн, йе ’ппӕт хӕйттӕ дӕр — йӕ зӕнг, йӕ къалиутӕ ӕмӕ йӕ къусгӕндтӕ, уыдоны бын тымбылӕгтӕ ӕмӕ дидинсыфтӕ — иу ӕнӕхъӕн къӕрттӕй куыд уой, афтӕ.
Алы къалиуыл дӕр уӕд ӕртӕ къусчы, миндал-ӕхсӕры дидинкъусчы хуызӕттӕ, ӕд тымбылӕгтӕ ӕмӕ ӕд дидинсыфтӕ.
Цырагъдарӕнӕн йӕ зӕнгыл уӕд цыппар къусчы, миндал-ӕхсӕры дидинкъусчы хуызӕттӕ, ӕд тымбылӕгтӕ ӕмӕ ӕд дидинсыфтӕ.
Алы къалиуыл дӕр уыд ӕртӕ къусгонды, миндал-ӕхсӕры дидинкъусчы хуызӕттӕ, ӕд тымбылӕгтӕ ӕмӕ ӕд дидинсыфтӕ.
Фыццаг дыууӕ къалиуы бынмӕ — тымбылӕг, дыккаг дыууӕ къалиуы бынмӕ — тымбылӕг, ӕртыккаг дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр — тымбылӕг; афтӕ хъуамӕ уа цырагъдарӕны ӕхсӕз къалиуы бынмӕ дӕр.
Искуыдӕм бӕрзонд схизынмӕ йӕ ныфс нал хӕсдзӕн, цӕугӕ дӕр кӕндзӕн тӕрсгӕ-ризгӕйӕ. Йӕ дзыккутӕ ӕхсӕр бӕласы дидинджытау сурс уыдзысты, цъырцъыраг дӕр ӕм уӕззау кӕсдзӕн, йӕ монцтӕй ницыуал баззайдзӕн. Афтӕмӕй йе ’нусон хӕдзармӕ ацӕудзӕн, фӕндагыл йӕ алыварс ӕрӕмбырд уыдзысты хъарӕггӕнджытӕ.
Дунедарӕг мын фехъусын кодта Йӕ ныхас: «Йеремиа, цы уыныс?» Ӕз дзуапп радтон: «Ӕхсӕры лӕдзӕг».
Дыккаг бон бацыди Моисей Фембӕлды Цатырмӕ, кӕсы, ӕмӕ Аароны лӕдзӕг, Левийы мыггаджы лӕдзӕг, цъӕх адардта, дидинӕг акалдта, ӕмӕ йе ’хсӕртӕ сцӕттӕ сты.