2 Мидӕгӕй дӕр ӕмӕ йӕ ӕдде дӕр састӕрдта сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, стӕй йын йӕ алыварс ауагъта сыгъзӕрин мӕскъ.
Састӕр ӕй сыгъдӕг сыгъзӕринӕй: йӕ сӕр, йӕ фӕрстӕ алырдыгӕй ӕмӕ йӕ сыкъатӕ, стӕй йын йӕ алыварс ӕрзил сыгъзӕрин мӕскъ.
Бецалел акъацийӕ сарӕзта Фидыды Чырын, йӕ дӕргъ — дыууӕ ӕлмӕрины ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ уӕрх — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг, йӕ бӕрзӕнд дӕр — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг.
Сарӕзта цыппар сыгъзӕрин цӕджы, йӕ цыппар фисынӕн, дыууӕ цӕджы — ӕмных фӕрстӕй иуы дыууӕ фисыныл, дыууӕ та — иннӕйы дыууӕ фисыныл бафтауынӕн.