8 Цатыраразӕг ӕрмдӕснытӕ здыхт гӕн, стӕй ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбынӕй сцӕттӕ кодтой дӕс уӕфтӕджы. Уӕфтӕгтӕ аив сфӕлыстой херувимты нывӕфтыдтӕй.
Рухсмонуаты мидӕг оливӕ бӕласы хъӕдӕй скодта дыууӕ херувимы, сӕ бӕрзӕнд уыди фӕйнӕ дӕс ӕлмӕрины.
Давид йӕ сахары йӕхицӕн саразын кодта хӕдзӕрттӕ, Хуыцауы Фидыды Чырынӕн равзӕрста бынат ӕмӕ йын ныссагъта цатыр.
Ӕмӕ ӕппӕт ӕмбырдимӕ ацыди Гивонмӕ, кувӕн къуыбырмӕ. Уым уыди Хуыцауы Уаз Цӕрӕн, Дунедарӕджы цагъар Моисей ӕдзӕрӕг быдыры кӕй саразын кодта, уый.
Рухсмонуаты мидӕг хъӕдӕрмӕгӕй сарӕзта дыууӕ базыртыгъд херувимы ӕмӕ сӕ састӕрдта сыгъзӕринӕй.
Йӕ фӕйнӕ кӕроныл ын ныффидар кӕн сыгъзӕрины фӕйнӕ ӕнӕхъӕн къӕрттӕй арӕзт дыууӕ херувимы.
Ӕз-иу дӕм раргом уыдзынӕн Фидыды Чырыны сӕрмӕ, дыууӕ херувимы астӕу, ӕмӕ дӕу уылты израилӕгтӕн Мӕ фӕдзӕхстытӕ хъусын кӕндзынӕн.
Йӕ фарсмӕ йын ӕрлӕууын кодтон Ахисамахы фырт Охолиавы, Даны хӕдзарвӕндагӕй, ӕмӕ арӕхстджын кусджытӕй алкӕмӕн дӕр радтон дӕсныдзинад, цӕмӕй саразой, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ:
Фембӕлды Цатыр, Фидыды Чырын ӕмӕ йӕ сӕр, Цатыры ӕппӕт дзауматӕ,
Къухджын уӕ чи у, уыдон иууылдӕр ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ скӕнӕнт, Дунедарӕг цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уый:
Уӕфтӕгтӕ уыдысты ӕмиӕстӕ: дӕргъмӕ — фӕйнӕ аст ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, уӕрхмӕ — фӕйнӕ цыппар.
Уый тыххӕй сыгъзӕринӕй скодтой тӕнӕг уадздзӕгтӕ, уадздзӕгтӕй рауагътой ӕндӕхтӕ. Уыцы сыгъзӕрин ӕндӕхтӕй, ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбынӕй ӕмӕ лыстӕг гӕнӕй бауафтой нывӕфтыд раздарӕн.