35 Бауӕфтой мидӕмбӕрзӕн — ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбын ӕмӕ здыхт гӕнӕй. Херувимты нывӕфтыд сурӕттӕй йӕ сфӕлыстой.
Цатырӕн сцӕттӕ кӕн дӕс уӕфтӕджы — здыхт гӕнӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй. Сӕ уӕлӕ — херувимты дӕсны уафт фӕлгонцтӕ.
Нывондхӕссӕн ӕрӕвӕр, Фидыды Чырын цы мидӕмбӕрзӕны аууон ис, уый раз, йӕ сӕры бакомкоммӕ. Фидыды Чырыны сӕрмӕ-иу дӕм Ӕз раргом уыдзынӕн.
Фӕлгӕттӕ састӕрдтой сыгъзӕринӕй, сӕ фӕрсчытыл сын бафидар кодтой сыгъзӕрин цӕгтӕ, хъилтӕ дзы батъыссынӕн, ӕмӕ уӕладзӕнтӕ дӕр састӕрдтой сыгъзӕринӕй.
Дуарӕмбӕрзӕнӕн скодтой цыппар акъаци цӕджындзы, састӕрдтой сӕ сыгъзӕринӕй, бакодтой сыл сыгъзӕрин къӕпсыртӕ ӕмӕ сын рацагътой цыппар ӕвзист бынӕнцайӕны.
Стӕй Фидыды Чырын бахаста ӕмӕ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ йӕ мидӕмбӕрзӕнӕй сӕхгӕдта.
Уӕд Кувӕндоны мидӕмбӕрзӕн уӕлейӕ дӕлӕмӕ ӕрфасти ӕмӕ дыууӕ дихы фӕцис. Зӕхх нынкъуысыд, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ аскъуыдтӕ сты.
Уыцы фӕндаг нын мидӕмбӕрзӕны, ома Йӕ буары фӕрцы, байгом кодта Уый ӕмӕ йыл фыццаг Йӕхӕдӕг ацыд.