18 Сарӕзтой дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕрхуы къӕпсыры — сӕхтӕджытӕ кӕрӕдзиуыл фӕхӕцынӕн, цӕмӕй дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кӕной ӕмӕ сӕ иу царӕмбӕрзӕн рауайа.
Сараз дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сыгъзӕрин къӕпсыры ӕмӕ уыдонӕй кӕрӕдзимӕ баиу кӕн дыууӕ ӕмбӕрзӕны, ӕмӕ сӕ рауайдзӕн Уаз Цӕрӕн.
Цӕмӕй дыууӕ ӕмбӕрзӕны баиу кӕной, уый тыххӕй сын сӕ фӕйнӕ кӕроныл бахуыдтой фӕйнӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы.
Цатыры царӕн ма скодтой ноджы иу ӕмбӕрзӕн — сырхахуырст фысдзӕрмттӕй, уый уӕлӕ та ӕрӕвӕрдтой иннӕ ӕмбӕрзӕн — гогырӕ сӕракӕй.
«Фыццаг мӕйы фыццаг бон ӕрӕвӕр Фембӕлды Цатыр.