Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 35:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Дунедарӕгӕн ӕрӕмбырд кӕнут мысайнӕгтӕ. Алчидӕр уӕ, йӕ зӕрдӕ куыд зӕгъы, афтӕ Йын ӕрбахӕссӕд сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 35:5
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иоас сауджынтӕн бафӕдзӕхста: «Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ӕрбацӕуӕг-иу, йӕ рӕдау къух куыд амона, афтӕ йе ’взисты хъалон, фиддон кӕнӕ хуын куы ӕрбахӕсса,


Езекиа ноджы загъта: «Ныр сымах уӕхи Дунедарӕгӕн снывонд кодтат. Гъемӕ уӕдӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ нывӕндтӕ ӕмӕ арфӕйы хуынтӕ хӕссут». Ӕмӕ адӕм иууылдӕр нывӕндтӕ ӕмӕ арфӕйы хуынтӕ хӕссын райдыдтой, кӕй фӕндыди, уыдон та ма иууылсудзинӕгтӕ дӕр ӕрхастой.


Йӕ хъуыддӕгтӕ — стыр ӕмӕ рӕсугъд, Йӕ рӕстад у ӕнусон.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Уый фӕстӕ сӕ алчидӕр хаста зӕрдӕйы фӕндон мысайнаг Дунедарӕгӕн, Фембӕлды Цатыр саразынӕн ӕмӕ йӕ мидӕг алы уаз куыст кӕнынӕн, стӕй сауджынты уазлӕггады дарӕстӕн.


Афтӕ израилӕгтӕ иууылдӕр, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, зӕрдиагӕй кӕй фӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр Дунедарӕгӕн хастой бархи лӕвӕрттӕ, Дунедарӕг Моисейӕн цы куыстытӕ бафӕдзӕхста, уыдон сӕххӕст кӕнынӕн.


Моисей Израилы дзыллӕйӕн загъта: «Мӕнӕ цы фӕдзӕхсы Дунедарӕг:


ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын, лыстӕг гӕн ӕмӕ тинтычъи,


Йӕ цӕст цас уарзы, алчидӕр уый бӕрц хъуамӕ ратта ӕнӕхъынцъымӕй ӕмӕ барвӕндонӕй, уымӕн ӕмӕ, зӕрдӕрухсӕй чи дӕтты, Хуыцау уыцы адӕймаджы уарзы.


Мӕ зӕрдӕ барухс ис Израилы ӕфсады хицӕуттӕй, барвӕндонӕй хӕстмӕ цӕуӕг адӕмӕй. Дунедарӕгӕн арфӕ ракӕнут!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ