9 ӕмӕ загъта: «О Бардарӕг! Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд немӕ рацу! Ацы адӕм хиваст сты, фӕлӕ нын ныббар нӕ азым, нӕ тӕригъӕдтӕ! Скӕн нӕ Дӕ исбон!»
Ӕвӕджиауы диссӕгтӕ ӕрмӕстдӕр Уый аразы — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
Ӕз та дӕн ӕнӕкъӕм, — батӕригъӕд мын кӕн, фыдбылызӕй мӕ бахиз!
Дунедарӕджы хъӕлӕсӕй тулдз бӕлӕстӕ ӕртасынц, сбӕгънӕг вӕййынц хъӕдтӕ; Йӕ Кувӕндонӕй хъуысы: «Кад Дын уӕд!»
Ӕрбалӕуут, сабитӕ, ӕмӕ мӕм ӕрбайхъусут, ӕз уӕ сахуыр кӕнон Хуыцауы тасыл.
Куы Мӕм хъусат ӕмӕ, Мемӕ цы фидыд сарӕзтат, уый куынӕ фехалат, уӕд ӕппӕт адӕмты ’хсӕн сымах уыдзыстут Мӕ зынаргъ исбон. Зӕхх иууылдӕр Мӕн у,
Дунедарӕг ма ноджыдӕр загъта Моисейӕн: «Куыд кӕсын, афтӕмӕй ацы адӕм тынг хиваст сты.
Моисей Дунедарӕгӕн загъта: «Бафӕдзӕхстай мын ацы адӕмы дарддӕр акӕнын, фӕлӕ мын мемӕ кӕй рарвитдзынӕ, уый кой не скодтай. Афтӕ мын куы загътай, дӕ ном дын зонын ӕмӕ Мын ӕхцон дӕ, зӕгъгӕ.
Йӕ зӕрдӕ нӕ ивы мин фӕлтӕры онг, быхсы азым, фыдракӕнд ӕмӕ тӕригъӕдӕн, фӕлӕ фыдӕлты азымы тыххӕй ӕнӕ бафхӕргӕ нӕ ныууадзы цоты ӕмӕ цоты цоты — ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг».
Хиваст стут, уый зыдтон: уӕ бӕрзӕйы нуӕрттӕ — ӕндон, уӕ ных — ӕрхуы.
Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр уыдзӕн йӕ хъысмӕт. Ӕппӕтдӕр Чи сфӕлдыста, Уый — йӕ Хуыцау, израилӕгтӕ — Йӕ исбон ӕмӕ Йӕ адӕм, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Кӕм ис Дӕу хуызӕн Хуыцау? Дӕуау сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ чи ныббары, Йӕ исбонӕй ма чи аирвӕзт, уыцы адӕмӕн? Хуыцау ӕнусмӕ нӕ мӕсты кӕны, уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын у.
Уӕд Иудей ногӕй суыдзӕнис Дунедарӕджы исбон уаз зӕххыл, ногӕй сӕвзардзӕн Йерусалим.
Де стыр уарзты хатырӕй ныббар сӕ тӕригъӕд ацы адӕмӕн, Мысырӕй ардӕм сын абоны онг куыд барстай, афтӕ».
Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы исбон — Йӕ адӕм, Йаков Дунедарӕджы у.
Сымах та Дунедарӕг уыцы ӕфсӕн тохынайӕ, Мысырӕй, уымӕн ракодта, цӕмӕй, мӕнӕ абон куыд у, афтӕ суыдаиккат Йӕ адӕм.
Ногӕй та ныддӕлгом дӕн зӕххыл Дунедарӕджы раз; дыууиссӕдз боны ӕмӕ та дыууиссӕдз ӕхсӕвы хор ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕдӕн, афтӕмӕй куывтон Дунедарӕгмӕ, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стут, фыдракӕнд сарӕзтат Йӕ разы, ӕмӕ уӕм смӕсты ис.
Дунедарӕгӕн лӕгъстӕ кодтон ӕмӕ куывтон: „О Дунедарӕг Хуыцау, ма бабын кӕн Дӕ адӕмы — Дӕ исбон! Ды сӕ фервӕзын кодтай, барджын кӕй дӕ, уый фӕрцы, Дӕ хъомысджын къухӕй сӕ ракодтай Мысырӕй.
Дӕ адӕм куы сты, Дӕ исбон, Дӕ арм кӕуыл дардтай ӕмӕ Де стыр хъомысы руаджы кӕй фервӕзын кодтай, уыдон“.