6 Моисейы рӕзты ацыди ӕмӕ расидти: «О Дунедарӕг, Дунедарӕг, тӕригъӕдгӕнаг, хӕларзӕрдӕ, бирӕбыхсаг, бараг ӕмӕ иузӕрдион Хуыцау.
ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, ме ’лдар Авраамы Хуыцау, ме ’лдарыл мын Йӕ зӕрдӕ Чи нӕ сивта, Йӕ хорзӕхӕй йӕ ӕнӕхай Чи нӕ фӕкодта! Дунедарӕг мӕ комкоммӕ ме ’лдары хионӕн йӕ цӕрӕнуатмӕ ӕрбахӕццӕ кодта».
Давид Гадӕн загъта: «Тынг уӕззау уавӕры дӕн, фӕлӕ, адӕмы къухмӕ бахауыны фӕлтау уадз ӕмӕ Дунедарӕджы къухмӕ бахауӕм, — Уый бирӕбараг у».
Дунедарӕг ын загъта: «Ӕддӕмӕ рацу ӕмӕ хохы сӕрыл Дунедарӕджы раз ӕрлӕуу!» Уалынмӕ тӕссаг ӕмӕ тыхджын дымгӕ сыстад, ӕмӕ хӕхтӕ фаркгай фӕхаудысты, къӕдзӕхтӕ базгъӕлӕнтӕ сты, фӕлӕ Дунедарӕг дымгӕйы мидӕг нӕ разынд. Уый фӕстӕ зӕхх нынкъуысти, фӕлӕ уым дӕр нӕ разынди Дунедарӕг.
Фехъус Дӕ цагъары ӕмӕ Дӕ адӕм Израилы куывд! Ацы бынатмӕ не ’ргом саразгӕйӕ-иу Дӕм куы скувӕм, уӕд-иу нын Дӕ цӕрӕнбынатӕй, уӕлӕрвтӕй, фехъус нӕ куывд ӕмӕ-иу нын нӕ азым ныббар!
Уе ’ргом Дунедарӕгмӕ куы раздахат, уӕд уын уӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ уӕ цоты уацары чи райста, уыдон сӕ нал ӕфхӕрдзысты, ӕмӕ фӕстӕмӕ ацы бӕстӕм ӕрбаздӕхдзысты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, бараг ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг у. Уе ’ргом ӕм куы раздахат, уӕд уыл Уый дӕр Йӕхи нал атигъ кӕндзӕн».
Дӕ коммӕ нӕ бакастысты, цы диссӕгтӕ сын сарӕзтай, уыдон сӕ ферох сты. Хивастӕй сӕхицӕн равзӕрстой фӕтӕджы, цӕмӕй фӕстӕмӕ аздӕхой Мысырмӕ ӕмӕ цагъартӕ суой. Фӕлӕ Ды дӕ барон, фӕлмӕнзӕрдӕ, уарзӕгой, бирӕбыхсаг ӕмӕ хӕрзаудӕнгӕнаг Хуыцау — Ды сыл дӕхи нӕ атигъ кодтай.
Мӕ уарзты тыххӕй сын ӕнӕуынон сдӕн, ӕз та кувын.
Рӕстгӕнджытӕн сӕудары дӕр рухс скӕсы, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хатыргӕнаг, рӕдау ӕмӕ рӕстаг у.
Сабыр у йӕ зӕрдӕ, нӕ фӕтӕрсдзӕни, йе знӕгтӕм кӕсгӕйӕ.
Бӕрзонд у Дунедарӕг ӕппӕт адӕмты сӕрмӕ, арвӕй уӕлдӕр — Йӕ кад.
Ды зоныс, ӕз кӕд ӕрбадын, кӕд сыстын, Ды дардмӕ дӕр мӕ хъуыдытӕ ӕмбарыс.
Дунедарӕг куырмытӕн ратты цӕстырухс, Дунедарӕг ӕфхӕрд адӕмы слӕууын кӕны сӕ къӕхтыл, Дунедарӕг уарзы рӕстудты.
Дунедарӕг сбӕрзонд кӕны сӕрныллӕджыты, ӕнаккӕгты та зӕххы онг ӕруадзы.
Цы сыл ӕрбамбӕлд, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕма бакӕндзысты, афтӕмӕй фӕцыдӕр уыдзысты, карз уад куы рацӕуы, уӕд какон сындзытӕ, ичъи ӕмӕ амахос, цъӕхӕй, хусӕй куыд фӕцыдӕр вӕййынц, афтӕ.
Сионы тыххӕй дӕр дзурдзысты: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг райгуырди уым, ӕмӕ уыцы сахарӕн фидар бындур Бӕрзӕндтыл Бадӕг Йӕхӕдӕг ӕрӕвӕрдта».
дӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндырты зӕлтимӕ.
Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,
уымӕн ӕмӕ йын уый йеддӕмӕ, йӕхи цӕмӕй ӕрӕмбӕрза, ахӕм ӕндӕр ницы ис. Ӕнӕ уымӕй куыд ныххуысдзӕн? Куы Мӕм сдзыназа, уӕд ӕй Ӕз фехъусдзынӕн, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг дӕн.
Дунедарӕг загъта: «Ме ’ппӕт кад дӕр дын дӕ цурты рацӕуын кӕндзынӕн. Раргом дын кӕндзынӕн Дунедарӕджы ном. Кӕмӕн Мӕ фӕнды Мӕ хорзӕх раттын, уымӕн ӕй ратдзынӕн, батӕригъӕд кӕнын Мӕ кӕмӕн фӕнды, уымӕн батӕригъӕд кӕндзынӕн».
Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад дӕ макуы ныууадзӕнт, дӕ хъуырыл сӕ бакӕн фӕрдгуытау, дӕ зӕрдӕйы тӕгтыл сӕ ныффыс, —
Фыдгӕнджытӕн сӕ тӕрхоны заман тагъд не ’рцӕудзӕн, фыдбылызтӕ кӕнынӕй дӕр уымӕн нӕ тӕрсынц.
Уыцы бон зӕгъдзыстут сымах: «Кад кӕнут Дунедарӕгӕн, арут Ын Йӕ ном! Йӕ хъуыддӕгтӕ Йын хъусын кӕнут адӕмтӕн, Йе стыр ном Ын стаут.
Зӕххыл арфӕ чидӕриддӕр кура, уый скувдзӕн иузӕрдион Хуыцаумӕ, зӕххыл чидӕриддӕр ард хӕра, уый сомы ракӕндзӕн иузӕрдион Хуыцауӕй». Дунедарӕг зӕгъы: «Уӕ хъизӕмӕрттӕ уӕ ферох уыдзысты, уӕ цӕстӕй дӕр сӕ нал фендзыстут.
Дӕ хорзӕхтӕ мингай адӕмӕн раттыс, ныййарджыты тӕригъӕдтӕ бафидын кӕныс сӕ цотӕн. О хъомысджын стыр Хуыцау, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг!
Йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый Мӕн кӕй зоны ӕмӕ Мӕн кӕй ӕмбары, уымӕй ӕппӕлӕд. Ӕз, Дунедарӕг, зӕххыл аразын хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ раст тӕрхон, уымӕн ӕмӕ Мын уыдӕттӕ ӕхсызгон сты», — зӕгъы Дунедарӕг.
ӕрвылбон ногӕй суадзынц талатӕ».
Уӕ дарӕс нӕ, фӕлӕ уӕ зӕрдӕтӕ арӕдувут фӕйнӕрдӕм!» Раздӕхут уӕ Дунедарӕг Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ Уый барон ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг, бирӕбыхсаг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ у, фыдбылыз ӕруадзыны фӕнд аивдзӕнис ӕхсызгонӕй.
Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг! Мӕхи бӕстӕйы ма куы цардтӕн, уӕд ууыл нӕ дзырдтон, мыййаг? Таршишмӕ лидзын дӕр уый тыххӕй сфӕнд кодтон, уымӕн ӕмӕ зыдтон, фӕлмӕнзӕрдӕ, бирӕбыхсаг, бирӕбараг Хуыцау кӕй дӕ ӕмӕ Дӕ фыдбылыз ӕруадзын кӕй нӕ фӕнды, уый.
Кӕм ис Дӕу хуызӕн Хуыцау? Дӕуау сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ чи ныббары, Йӕ исбонӕй ма чи аирвӕзт, уыцы адӕмӕн? Хуыцау ӕнусмӕ нӕ мӕсты кӕны, уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын у.
Ды иузӕрдион уыдзынӕ Йаковыл, фӕтӕригъӕд кӕндзынӕ Авраамӕн, райдианы нӕ фыдӕлтӕн сомы куыд ракодтай, афтӕ.
Дунедарӕг Йӕ маст исынмӕ нӕ тагъд кӕны. Ӕгӕрон у Йӕ хъомыс, хӕрам митӕ ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууадзы. Уадтымыгъ ӕмӕ тыгъдызӕйы рацӕйцӕуы Дунедарӕг, ӕврӕгътӕ рыджы хуызӕн бассӕнды Йӕ къӕхты бын.
Уыци-уыцитӕй нӕ, фӕлӕ ӕргом, лӕгӕй-лӕгмӕ дзурын Ӕз йемӕ; уый Дунедарӕджы сурӕт йӕ цӕстӕй куы уыны, уӕд куыд бауӕндыдыстут сымах Мӕ цагъары, Моисейы, ныхмӕ дзурын?»
уымӕн ӕмӕ нын Ӕгъдау Моисейы фӕрцы лӕвӕрд уыд, Хуыцауы хорзӕх, фарн ӕмӕ ӕцӕгад та нын раргом кодта Йесо Чырысти.
Ӕви Хуыцау хӕрзаудӕг, барон ӕмӕ бирӕбыхсаг кӕй у ӕмӕ дӕ Йе ’нӕкӕрон зӕрдӕхӕларӕй ӕрфӕсмон кӕнынмӕ кӕй хоны, уый не ’мбарыс?
Дунедарӕджы ном стаудзынӕн! Кад кӕнут нӕ Хуыцауӕн!
Уымӕн ӕмӕ бараг у Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Уый уӕ нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уӕ нӕ фесафдзӕн, нӕ ферох кӕндзӕн, уӕ фыдӕлтимӕ цы бадзырд сарӕзта ӕмӕ, ард бахӕргӕйӕ, кӕй сфидар кодта, уый.
Чи Мӕ уарзы ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн та сӕ тъымы-тъыма дӕр хайджын у Мӕ хорзӕхӕй.
Мах амондджыныл нымайӕм, хъизӕмӕрттӕн кӕронмӕ чи бафӕрӕзта, уыдоны. Сымах фехъуыстат, Иов фӕразон кӕй разынди, уый тыххӕй, стӕй зонут, Дунедарӕг ын цы царды кӕрон балӕвар кодта, уый, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хорзӕхджын ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у.