31 Моисей сӕм басидт, ӕмӕ йӕм уӕд бацыдысты Аарон ӕмӕ дзыллӕйы хистӕртӕ, ӕмӕ Моисей дзырдта семӕ.
Цӕссыг калгӕйӕ, Йосеф фӕбатӕ кодта йе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ сӕ бон сси йемӕ ныхас кӕнын.
Йосеф йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ӕз Йосеф дӕн. Мӕ фыд ма ӕгас у ӕви нӕ?» Ӕфсымӕртӕ фӕуыргъуыйау сты ӕмӕ йын не сфӕрӕзтой дзуапп раттын.
Ӕхсӕзӕм бон ӕруыгътой дыууӕ хатты фылдӕр — алкӕмӕн дӕр дыууӕ омеры бӕрц. Дзыллӕйы хистӕртӕ йӕ Моисейӕн куы загътой,
Ноджыдӕр ма загъта Хуыцау Моисейӕн: «Зӕгъ-иу израилӕгтӕн, кӕй дӕ рарвыста Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау. Гъе уый уын Мӕ ном мыггагмӕ — фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Мӕм цӕмӕй уыцы номӕй куват.
Фӕлӕ Аарон ӕмӕ израилӕгтӕ федтой Моисейы тӕмӕнкалгӕ цӕсгом ӕмӕ йӕм нӕ бауӕндыдысты ӕввахс бацӕуын.
Уый фӕстӕ йӕм бацыдысты иннӕ израилӕгтӕ дӕр, ӕмӕ сын Моисей фехъусын кодта, Дунедарӕг ын Синайы хохыл цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уый.