27 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ацы ныхӕстӕ ныффысс. Уыдон сты, демӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ цы фидыд аразын, уый домӕнтӕ».
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Уыдӕттӕ зӕрдылдарынӕн ныффысс чиныджы, Йешуайӕн та зӕгъ, Ӕз амалекӕгтӕн арвы бын сӕ кой кӕй фесафдзынӕн, уый».
Уӕд Моисей ныффыста Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. Райсомӕй раджы хохрӕбын скодта нывондхӕссӕн ӕмӕ сӕвӕрдта дыууадӕс дуры, Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы номыл.
Стӕй райста Фидыды уагӕвӕрдты чиныг ӕмӕ йӕ хъӕрӕй бакаст адӕмӕн. Адӕм загътой: «Дунедарӕгмӕ хъусдзыстӕм, ӕххӕст кӕндзыстӕм, цыдӕриддӕр нын бафӕдзӕхста, уый».
Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Уемӕ аразын фидыд. Ӕппӕт адӕмы раз Ӕз равдисдзынӕн, зӕххы цъарыл иунӕг адӕммӕ дӕр чи нӕма уыд, ахӕм диссӕгтӕ. Уадз ӕмӕ, цы адӕмы ’хсӕн цӕрыс, уыдон иууылдӕр тасимӕ кӕсой, Дунедарӕг дӕу тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ кӕны, уымӕ.
Моисей ныффыста уыцы Ӕгъдау ӕмӕ йӕ, Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕм, Левийы байзӕддӕгтӕм, стӕй Израилы хистӕртӕм радта.
Уый уын уӕд фехъусын кодта, ӕххӕст кӕнын уын кӕй ӕмбӕлы, Йӕ уыцы бадзырд — Дӕс фӕдзӕхсты. Дыууӕ къӕйдурыл сӕ ныффыста.