25 Кусарт Мын куы кӕнат, уӕд-иу уӕ кусӕрттаджы туг ӕнхъизӕнӕй конд дзулыл ма ’ркӕлӕд. Куадзӕны нывонды дзидза уын райсоммӕ макуы баззайӕд.
Райсоммӕ-иу дзы мацыуал ныууадзут, цы дзы нӕ бахӕрат, уый арты басудзут.
Кӕмфӕнды куы цӕрат, уӕддӕр уыцы бонты ӕнхъызт хыссӕйы хъӕстӕ ма фӕкӕнут уӕхи — хӕрут-иу донгонд дзултӕ».
Дзидза иууылдӕр тӕккӕ уыцы ӕхсӕв хъуамӕ хӕрд ӕрцӕуа, хӕрын ӕй хъӕуы физонӕгфыхӕй, донгонд дзултӕ ӕмӕ маст кӕрдӕджытимӕ.
Кусарт Мын куы кӕнат, уӕд-иу уӕ кусӕрттаджы туг ӕнхъизӕнӕй конд дзулыл ма ’ркӕлӕд. Мӕ бӕрӕгбӕтты нывӕндты фиу райсоммӕ макуы ныууадзут.
Нывонды дзидзатӕ кӕнӕ ма дзултӕй райсоммӕ цы баззайа, уыдон-иу басудз. Мачи дзы саходӕд — уаз сты.
Дунедарӕгӕн ӕнхъизӕнджын хойраджы хуынтӕ ма хӕссут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр ӕнхъизӕнджын хойраг, нӕдӕр мыд Дунедарӕгӕн арты нывондӕн хӕссын ӕмбӕлы.
Бузныджы охыл цы фидыды нывонд ӕрхӕссой, уымӕн йӕ дзидза бахӕрын хъӕуы нывонд ӕрхӕссыны бон, райсоммӕ уадзын дзы не ’мбӕлы.
Райсоммӕ дзы мацыуал ныууадзӕд ӕмӕ йын йе стджытӕй мацы асӕттӕд: Куадзӕны фӕтк хъуамӕ мацӕмӕй фехала.
Йесо ма сын ракодта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, сылгоймаг ссады ӕртӕ сасирыл кӕй бафтыдта ӕмӕ хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕмӕй сӕнхъызт, уыцы ӕнхъизӕнау».
Куадзӕны нывонд ма хӕр ӕнхъизӕнджын дзулимӕ. Авд боны дӕргъы дын уыцы дзидзаимӕ фыдӕвзарӕны хойраг — донгонд дзул — хӕргӕ у, Мысырӕй ӕвӕстиатӕй кӕй фӕраст дӕ, уый мысынӕн. Афтӕмӕй ды цӕргӕбонты дӕ зӕрдыл дардзынӕ Мысырӕй рацыды бон.
Авд боны дӕргъы дӕ зӕххы хайыл ӕнхъизӕнӕн йӕ кой дӕр макӕцы ран уӕд, фыццаг бон изӕрӕй цы кусарт акӕнай, уымӕй та райсоммӕ мацыуал баззайӕд.