Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 34:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Хӕрӕджы фыццаг нӕл къӕлӕу-иу баивут фысы фыццаг нӕл уӕрыккӕй. Куынӕ йӕ баиват, уӕд-иу ын асӕттут йӕ бӕрзӕй. Уӕ алы фыццаг фырты дӕр-иу балхӕнут Мӕнӕй. Афтидармӕй уӕ Мӕ размӕ мачи ӕрбацӕуӕд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 34:20
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ паддзах Орнайӕн загъта: «Нӕ, се ’ххӕст аргъӕй сӕ хъуамӕ балхӕнон ӕнӕмӕнг. Дунедарӕгӕн, мӕ Хуыцауӕн, иууылсудзинаг нывӕндтӕ, лӕвар цы райсон, уымӕй не ’рхӕсдзынӕн». Уыйадыл ӕвзисты дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз шекелӕй балхӕдта Давид мус ӕмӕ галтӕ.


Алы аз дӕр нысангонд бонты ӕххӕст кӕнут ацы уагӕвӕрд».


уӕд уӕ фыццаг зӕнӕг кӕддӕриддӕр у Дунедарӕджы. Уӕ фосы фыццаг зӕйц, сӕ нӕлтӕ, Дунедарӕджы сты.


Хӕрӕджы къӕлӕу-иу баивут уӕрыккӕй. Йӕ баивын уӕ куынӕ бафӕнда, уӕд та йын йӕ бӕрзӕй асӕттут. Уӕ хистӕр фыртты сӕрмӕ дӕр нывӕндтӕ ӕрхӕссут.


Фараон йӕ зӕрдӕ куы ныддур кодта ӕмӕ нӕ куынӕ уагъта рацӕуын, уӕд Дунедарӕг ныццагъта Мысыры фыццаг цӕуӕт: адӕмӕн — сӕ хистӕр фыртты, фосӕн — сӕ сӕртӕ. Уымӕ гӕсгӕ мах Дунедарӕгӕн нывондӕн хӕссӕм нӕ фосы зӕйцӕй алы фыццаг нӕлы дӕр, нӕ алы хистӕр фырты та ӕлхӕнӕм Хуыцауӕй.


Дӕ хоры сӕртӕ ӕмӕ Мын дӕ сӕны хуыздӕр хӕссынмӕ фӕстиат ма кӕн. Уӕ фырттӕй хистӕр зӕнӕг чи уа, уый дӕттут Мӕнӕн.


Фыццаджыдӕр, бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ — авивы мӕйы (уыцы мӕй рацыдыстут Мысырӕй) нысангонд бонты, авд боны дӕргъы, хӕрут донгонд дзултӕ. Афтидармӕй уӕ Мӕ размӕ мачи ӕрбацӕуӕд.


Дӕу у, адӕймагӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр, Дунедарӕгӕн нывонд кӕй кӕнынц, уыцы фыццаг цӕуӕт. Адӕймаджы фыццаг зӕнӕджы балхӕнын ӕмбӕлы, ӕнӕсыгъдӕг фосы фыццаг цӕуӕты дӕр афтӕ.


Уӕ нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр афӕдз ӕртӕ хатты хъуамӕ ӕрлӕууой Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, Йӕ номыл цы бынат равзара, уым: Донгонд дзулты, Къуыриты ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбӕтты. Афтидармӕй мачи ӕрбацӕуӕд!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ