Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 34:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Сӕ чызджыты сын уӕ фырттӕн ма курут, кӕннод уын уӕ фыртты дӕр сахуыр кӕндзысты сӕ хуыцӕуттӕм кувын.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 34:16
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ мын Дунедарӕгӕй, арв ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, ард бахӕр, мӕ фыртӕн мын, кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй кӕй никӕй ракурдзынӕ,


Фараоны чызгӕй уӕлдай ма Соломон бауарзта бирӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгты дӕр: моавӕгты, аммонӕгты, едомӕгты, сидойнӕгты, хеттӕгты,


Ахавы хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ уыдысты, уыдоныл никуыма ничи бафтыд, уыдӕттыл ӕй ардаугӕ та кодта йӕ ус Иезавел.


Суанг ма Иудейы хӕхтыл кувӕн къуыбыртӕ дӕр сарӕзта, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты ӕнӕуаг митыл бафтыдта, раст фӕндагӕй сӕ аздӕхта.


Уӕ чызджыты сын сӕ лӕппутӕн ма дӕттут, сӕ чызджыты та сын уӕ лӕппутӕн ма курут. Уыцы зӕххыл цӕмӕй ӕрфидар уат ӕмӕ уын йӕ хорзӕхтӕй хай уа, цӕмӕй йӕ уӕ байзӕддӕгтӕн мыггагмӕйы исбонӕн ныууадзат, уый тыххӕй уӕ уымы адӕмы сӕр ничердӕм хъӕуы“.


Уый та уымӕн афтӕ у, ӕмӕ сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕн дӕр бинонтӕ уыдоны сылгоймӕгтӕй хӕссынц ӕмӕ нын афтӕмӕй ӕндӕр адӕмтимӕ нӕ сыгъдӕг туг хӕццӕ кӕнынц. Уыцы ӕнӕуаг хъуыддаджы та, дам, ӕппӕты разӕй дзыллӕйы хӕрзӕджытӕ ӕмӕ хистӕртӕ фесты.


сӕ чызджыты ӕцӕгӕлон адӕмтӕм моймӕ кӕй нӕ дӕтдзысты ӕмӕ сын сӕ чызджыты та сӕ фырттӕн кӕй нӕ курдзысты;


ӕцӕгӕлон адӕмтӕ исты уӕй кӕнынмӕ ӕрбаластой сабаты, зӕгъгӕ, уӕд сын дзы сабаты дӕр ӕмӕ бӕрӕгбоны дӕр кӕй не ’лхӕндзысты; цыфӕнды хӕс ма уӕд, ӕвдӕм аз-иу ӕй сӕ хӕсджынӕн кӕй ныббардзысты, стӕй ма — ӕвдӕм аз зӕххӕн улӕфыны фадат кӕй дӕтдзысты, уый тыххӕй.


Уыцы бонты ма ӕз федтон, ашдодаг, аммонаг ӕмӕ моаваг сылгоймӕгтӕ чи ракуырдта, ахӕм иудейӕгты.


Уый тыххӕй ӕз семӕ схъаугъа дӕн, ралгъыстон сӕ, кӕйдӕрты дзы нӕмгӕ дӕр ракодтон, сӕ сӕрыхъуынтӕй сӕ фӕралас-балас кодтон ӕмӕ сын загътон, цӕмӕй Хуыцауӕй басомы кӕной, сӕ чызджыты ӕцӕгӕлон адӕмтӕм моймӕ кӕй нал дӕтдзысты, уыдоны чызджыты та сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕн дӕр кӕй нал курдзысты.


Фӕлӕ чысыл куы вӕййы сӕ нымӕц, ӕфхӕрд, фыдбӕллӕх ӕмӕ тухиты бын хъизӕмар куы февзарынц,


Дунедарӕг Осиайы уылты ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд ын ӕппӕты фыццаг загъта: «Бавдӕл, хъахбай сылгоймаджы ракур ӕмӕ хъахбай цот рауадз, уымӕн ӕмӕ ацы зӕхх Дунедарӕгыл йӕхи атигъ кодта ӕмӕ схъахбай ис».


Науӕд йӕ байзӕддӕгты йӕ мыггаджы ’хсӕн фӕчъизи кӕндзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы у, Уый».


Уӕ чъылдым Ӕм куы раздахат ӕмӕ, ардыгон адӕмтӕй уе ’хсӕн чи баззад, уыдонимӕ куы сӕмдзӕхдон уат, семӕ хӕстӕгиуӕг куы кӕнат ӕмӕ куы схӕццӕ уат,


уӕд ӕй зонут: Дунедарӕг уын, уӕ Хуыцау, ацы адӕмты нал фӕсурдзӕни уӕ цурӕй, фӕлӕ уын басгуыхдзысты хурхыл ӕвӕрд бӕндӕн ӕмӕ хыз, уӕ фӕрсчытӕ нӕмӕн уис ӕмӕ уӕ цӕстыты ныхсӕг сындз, цалынмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цы алӕмӕты зӕхх балӕвар кодта, уымӕй тард не ’рцӕуат, уӕдмӕ.


Фӕлӕ йын йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад загътой: «Ау, нӕ мыггаг ӕмӕ нӕ адӕмы ’хсӕн сылгоймӕгтӕ нал ис? Ӕнӕсунӕт филистимӕгтӕй ус ракурын цӕмӕн сфӕнд кодтай?» Самсон дзуапп радта: «Ракурут мын уыцы чызджы, мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди».


Израилы адӕм цардысты ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты ’хсӕн.


Сӕ чызджыты сын куырдтой ӕмӕ сын сӕхи чызджыты моймӕ лӕвӕрдтой, сӕ хуыцӕуттӕн сын лӕггад кодтой.


Утӕппӕт сыгъзӕринӕй Гедеон саразын кодта ефод ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта йӕ сахары, Офрайы. Израилӕгтӕ йын табу кӕнын райдыдтой ӕмӕ мӕнг хуыцӕутты фӕдыл ацыдысты. Гедеон ӕмӕ йӕ мыггагӕн ефод сси сӕ ахсӕн хыз.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ