Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 33:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Моисей-иу Цатырмӕ куы бацыд, уӕд-иу мигъы цӕджындз йӕхи бынмӕ ӕруагъта, ӕрлӕууыд-иу Цатыры къӕсӕрыл, ӕмӕ-иу Дунедарӕг ныхас кодта Моисеимӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 33:9
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ууыл Хуыцау Йӕ ныхас фӕцис Авраамимӕ ӕмӕ ацыди.


Ууыл Дунедарӕг Авраамимӕ Йӕ ныхас фӕцис ӕмӕ ацыди. Авраам дӕр раздӕхт йӕ хӕдзармӕ.


Ӕз-иу дӕм раргом уыдзынӕн Фидыды Чырыны сӕрмӕ, дыууӕ херувимы астӕу, ӕмӕ дӕу уылты израилӕгтӕн Мӕ фӕдзӕхстытӕ хъусын кӕндзынӕн.


Хуыцау Синайы хохыл Йӕ ныхас куы фӕци Моисеимӕ, уӕд ӕм радта Фидыды дыууӕ къӕйдуры, Йӕхи къухӕй фыст фӕдзӕхстытимӕ.


Адӕм-иу Цатыры къӕсӕрыл мигъы цӕджындз куы федтой, уӕд-иу иууылдӕр зӕххыл ныддӕлгом сты сӕ цатырты раз.


Дунедарӕг та Моисеимӕ ныхас кодта лӕгӕй-лӕгмӕ, адӕймаг адӕймагимӕ куыд фӕдзуры, афтӕ. Уый фӕстӕ-иу Моисей рӕсӕнуатмӕ ӕрбаздӕхт. Фӕлӕ-иу Нуны фырт Йешуа, Моисейы кӕстӕриуӕггӕнӕг, баззади Цатыры, уырдыгӕй никуыдӕм цыд.


Уырдӕм-иу куы фӕцӕйцыд, уӕд-иу адӕм та лӕууыдысты сӕ цатырты раз ӕмӕ кастысты йӕ фӕдыл, цалынмӕ-иу уый Фембӕлды Цатырмӕ бацыди, уӕдмӕ.


Демӕ мачи ссӕуӕд, иу адӕймаг дӕр ма фӕзынӕд хохыл. Хохрӕбын-иу суанг уӕ лыстӕг фос ӕмӕ стуртӕ дӕр ма хизӕнт».


Дунедарӕг ӕрцыди ӕврагъы мидӕг, уыцы ран Моисейы цу ӕрлӕууыди ӕмӕ фехъусын кодта Дунедарӕджы ном.


ӕмӕ загъта: «О Бардарӕг! Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд немӕ рацу! Ацы адӕм хиваст сты, фӕлӕ нын ныббар нӕ азым, нӕ тӕригъӕдтӕ! Скӕн нӕ Дӕ исбон!»


Уыцы ран мыл Дунедарӕг Йӕ арм ӕруагъта ӕмӕ мын загъта: «Марадз, ацу быдырмӕ, Ӕз уым ныхас кӕндзынӕн демӕ».


Ӕз раргом уыдзынӕн уым ӕмӕ демӕ дзурдзынӕн. Цы Уд дыл ис, уымӕй райсдзынӕн ӕмӕ дзы уыцы лӕгты схайджын кӕндзынӕн, цӕмӕй ацы адӕмыл мӕт кӕной демӕ ӕмӕ ды уыцы уаргъ иунӕгӕй мауал хӕссай.


Моисей-иу куы бацыди Фембӕлды цатырмӕ, Дунедарӕгимӕ дзурынмӕ, уӕд-иу Фидыды Чырыны сӕрмӕ дыууӕ херувимы астӕуӕй хъуыста хъӕлӕс. Ахӕм хуызы дзырдта Дунедарӕг йемӕ.


Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Дӕуӕн бирӕ цӕрӕнбон нал ис. Фӕдзур Йешуамӕ, Фембӕлды Цатыры Мӕ разы ӕрлӕуут, ӕмӕ йӕ Ӕз бафӕдзӕхсон». Моисей ӕмӕ Йешуа бацыдысты Фембӕлды Цатырмӕ.


Дунедарӕг сӕм фӕзынди мигъы цӕджындзы хуызы ӕмӕ Цатыры бахизӕны ныллӕууыд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ