8 Уырдӕм-иу куы фӕцӕйцыд, уӕд-иу адӕм та лӕууыдысты сӕ цатырты раз ӕмӕ кастысты йӕ фӕдыл, цалынмӕ-иу уый Фембӕлды Цатырмӕ бацыди, уӕдмӕ.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ-иу Моисей рӕсӕнуатӕй дӕрддзӕф ран сӕвӕрдта цатыр, ӕмӕ йӕ хуыдта Фембӕлды Цатыр. Исчи-иу Дунедарӕджы бафӕрсинаг куы уыд, уӕд-иу Моисей рӕсӕнуатӕй ацыди Фембӕлды Цатырмӕ.
Моисей-иу Цатырмӕ куы бацыд, уӕд-иу мигъы цӕджындз йӕхи бынмӕ ӕруагъта, ӕрлӕууыд-иу Цатыры къӕсӕрыл, ӕмӕ-иу Дунедарӕг ныхас кодта Моисеимӕ.
Адӕм дард ацыдысты Корах, Датан ӕмӕ Авирамы цӕрӕнтӕй. Датан ӕмӕ Авирам та сӕ цатырты раз лӕугӕйӕ баззадысты сӕ устытӕ, сӕ цот, се ’нахъом сабитимӕ.