Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 33:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уӕдӕй фӕстӕмӕ-иу Моисей рӕсӕнуатӕй дӕрддзӕф ран сӕвӕрдта цатыр, ӕмӕ йӕ хуыдта Фембӕлды Цатыр. Исчи-иу Дунедарӕджы бафӕрсинаг куы уыд, уӕд-иу Моисей рӕсӕнуатӕй ацыди Фембӕлды Цатырмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 33:7
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давиды заман фӕд-фӕдыл ӕртӕ стонг азы скодта, ӕмӕ паддзах Дунедарӕджы бафарста. Дунедарӕг загъта: «Аххос Саул ӕмӕ йӕ байзӕддагыл ис, уымӕн ӕмӕ Саул ӕназым гивонӕгты туг ныккалдта».


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. Дунедарӕгыл дарын мӕ зӕрдӕ! Куыд мын дзурут уӕд: «Хӕхтӕм атӕх маргъау!»


Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн — сӕ хъару, Йӕ ’взӕрстӕн — йӕ ныфсы мӕсыг, йӕ ирвӕзынӕнӕг.


Моисейы каис Ифро Хуыцауӕн ӕрхаста иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ Йын кусӕрттӕ акодта. Ӕрбацыдысты Аарон ӕмӕ Израилы хистӕртӕ, цӕмӕй Хуыцауы раз иумӕ скомдзаг кӕной.


Моисей йӕ каисы размӕ рауади, йӕ сӕрӕй йын ныллӕг акуывта ӕмӕ йын аба кодта. Кӕрӕдзийӕн салам куы радтой, уӕд цатырмӕ бацыдысты.


Израилӕгтӕ Хоревы хохрӕбын рафтыдтой сӕ фӕлындӕнтӕ.


Уырдӕм-иу куы фӕцӕйцыд, уӕд-иу адӕм та лӕууыдысты сӕ цатырты раз ӕмӕ кастысты йӕ фӕдыл, цалынмӕ-иу уый Фембӕлды Цатырмӕ бацыди, уӕдмӕ.


Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕуттӕй дард у, рӕстуды куывдмӕ хъусы.


О, фӕлӕ уӕ фыдракӕндтӕ ӕмдзӕхгӕр быруйау уырдыг слӕууыдысты сымах ӕмӕ уӕ Хуыцауы ’хсӕн. Йе ’ргом уӕ аздӕхта уӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ уӕ нал хъусы!


Сабитӕ куы схӕссой, уӕд дӕр сын се ’ппӕты дӕр байсдзынӕн. Додой сӕ къона, Ӕз сыл Мӕхи куы атигъ кӕнон, уӕд!


Уым райдайдзыстут агурын Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕмӕ Йӕ удуӕлдайӕ, зӕрдиагӕй куы ӕрцагурат, уӕд Ӕй ссардзыстут.


Уый лӕггад кӕны ӕцӕг Кувӕндоны — адӕймаг нӕ, фӕлӕ, Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы Уаз Цӕрӕны.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ