4 Адӕм уыцы тызмӕг ныхас куы фехъуыстой, уӕд ныккуыдтой ӕмӕ, хъынцъымгӕнгӕ, фӕлындӕнтӕ сӕ уӕлӕйӕ рафтыдтой.
Паддзахы размӕ рацыди Саулы фырты фырт Мефивошет дӕр. Паддзахы ацыды бонӕй, сӕрӕгасӕй фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхти, уыцы бонмӕ уый йӕ къӕхты ныхтӕ дӕр никуы ракодта, йӕ зачъе дӕр никуы фӕцыбыр кодта, йӕ дарӕс дӕр никуы ныхсадта.
Фӕлӕ йын ныр Илийа цытӕ радзырдта, уыдӕттӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ йӕ уӕлӕ сӕхъис скодта, куы-иу схуыссыд, уӕд дӕр-иу ӕй нӕ раласта; ком дардта ӕмӕ ӕрхӕндӕгӕй рацу-бацу кодта.
Езекиа уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, йӕ уӕлӕ сӕхъис скодта ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ацыди.
Уыцы ныхас куы фехъуыстон, уӕд мӕ дарӕстӕ, ӕддагӕй-мидӕггагӕй, фыр адӕргӕй арӕдывтон фӕйнӕрдӕм, мӕ сӕрыхъуынтӕ ӕмӕ боцъотӕ тыдтон. Цавддурау бадтӕн,
Сыстади Иов, йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм, йӕ сӕр ныддаста. Зӕххыл ныддӕлгом ис
Дардӕй суыдтой Иовы ӕмӕ йӕ нал базыдтой. Уӕд ӕртӕ хӕлары хъӕрӕй ныккуыдтой, сӕ уӕлӕдарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывтой, армыдзагӕй сӕ сӕртыл рыг калдтой.
Израилӕгтӕ Хоревы хохрӕбын рафтыдтой сӕ фӕлындӕнтӕ.
Ӕмризӕджы ризут, ӕнӕмӕттӕ! Тӕрсут, ӕнӕмӕттӕ! Уӕ дарӕстӕ раласут ӕмӕ уӕ уӕлӕ сӕхъистӕ скӕнут.
Ӕнӕдзургӕйӕ дзыназ, йӕ мардыл-иу ын богъ-богъ ма кӕн. Дӕ сарыхъ-иу стух дӕ сӕрыл, дӕ дзабыртӕ-иу дӕ къӕхтыл скӕн. Дӕ зачъе ма бамбӕрз, мардыкӕнды къӕбӕрӕй ма саход».
уӕ сарыхътӕ уыдзысты уӕ сӕртыл, уӕ дзабыртӕ — уӕ къӕхтыл; нӕдӕр кӕугӕ кӕндзыстут, нӕдӕр хъарӕг, фӕлӕ уӕ фыдракӕндты аххосӕй батайдзыстут уӕлхъӕдӕй ӕмӕ кӕрӕдзийы раз хъӕрздзыстут.
Бӕстыхицӕуттӕ рахиздзысты сӕ бадӕнтӕй, раппардзысты сӕ пӕлӕзтӕ, раласдзысты сӕ нывӕфтыд дарӕстӕ. Ризӕг сыл бахӕцдзӕн, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕрбаддзысты зӕххыл ӕмӕ алы уысм дӕр стъӕлфдзысты, ӕвирхъау тас сыл бафтаудзӕни дӕ хъысмӕт.
Зӕрдиагӕй Мӕм кувыны бӕсты сӕ хуыссӕнуӕтты ӕрдиаг кодтой; къӕбӕр ӕмӕ сӕны тыххӕй ӕрӕмбырд вӕййынц, Мӕнӕй та се ’ргом аздӕхтой.
Моисей загъта Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, Елеазар ӕмӕ Итамарӕн: «Уӕ сӕрыхъуынтӕ ма райхалут ӕмӕ уӕ дарӕстӕ фӕйнӕрдӕм ма арӕдувут, цӕмӕй ма амӕлат ӕмӕ Дунедарӕг ӕппӕт адӕммӕ дӕр ма смӕсты уа. Фӕлӕ уе ’рвадӕлтӕ, ӕппӕт Израил, кӕуӕнт, Дунедарӕг кӕй басыгъта, уыдоныл.
Хабар Ниневийы паддзахмӕ байхъуысти, уый сыстад йӕ къӕлӕтджынӕй, йӕ дарӕс раласта, сӕхъис скодта йӕ уӕлӕ ӕмӕ фӕнычы сбадти.
«Ацы бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджытӕн ӕмӕ сауджынтӕн афтӕ зӕгъ: „Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы фӕндзӕм ӕмӕ ӕвдӕм мӕйты, хъынцъымгӕнгӕйӕ, ком куы дардтат, уӕд уыдӕттӕ Мӕн тыххӕй кодтат?
Ӕмхъӕлӕсӕй нырдиаг кодта дзыллӕ, адӕм сӕ кӕуынӕй нӕ банцадысты ӕнӕхъӕн ӕхсӕв.
Моисей израилӕгтӕн Дунедарӕджы ныхӕстӕ фехъусын кодта, ӕмӕ адӕм тынг хъыг кодтой.
Дунедарӕг ныццагъта Бет-Шемешы адӕмы, Дунедарӕджы Фидыды Чырыны хуылфмӕ кӕй ныккастысты, уый тыххӕй: сӕ адӕмӕй сын амардта дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы. Ӕмӕ хъарджытӕ кодтой адӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг бирӕты ӕрцавта.