Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 33:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Мӕ кад дӕ цурты куы рацӕйцӕуа, уӕд дӕ къӕдзӕхы скъуыды слӕууын кӕндзынӕн ӕмӕ дӕ Мӕ къухӕй бамбӕрздзынӕн. Куы аивгъуыйон,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 33:22
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уым лӕгӕтмӕ бацыд ӕмӕ дзы бахсӕвиуат кодта. Ӕмӕ мӕнӕ Дунедарӕджы ныхас хъусы: «Ам цы кусыс, Илийа?»


Уӕлӕрвтӕ Хуыцауы кадыл дзурынц, арвы къӕй ӕвдисӕн у Йӕ хъуыддӕгтӕн!


дӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндырты зӕлтимӕ.


— Фӕткъуы бӕлас хъӕддаг бӕлӕсты ’хсӕн ивддзаг куыд нӕ кӕны, афтӕ мӕ уарзон лӕппуты астӕу бӕрӕг дары; ӕхсызгон мын у йӕ аууоны бадын, адджын мын сты йӕ дыргътӕ.


ӕмӕ Хуыцауы тасӕй, Йе стыр хъомысы кадӕй йӕхи ӕмбӕхсдзӕни къӕдзӕхты скъуыдты, хӕхты цъассыты, Уый зӕххыл Йӕ азар куы ныххуырса, уӕд.


Алчидӕр сӕ йӕ адӕмӕн уыдзӕни, сис дымгӕйӕ куыд бахизы, уӕлхӕдзар — тыгъдызӕйӕ, суадӕттӕ хус быдыры куыд бахъӕуынц, бӕрзонд къӕдзӕхы аууон ӕдзӕрӕг ран фӕллад лӕгӕн куыд баххуыс кӕны, уыйау.


Радта мын цыргъ ӕвзаг, карды комы хуызӕн, ӕмӕ мӕ Йӕ дӕлбазыр бакодта. Сарӕзта мӕ цыргъ фат ӕмӕ мӕ Йӕ фатдоны бафснайдта.


Ӕз айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ фидар сарӕзтон зӕхх. Ӕмӕ Сионы цӕрджытӕн зӕгъын, сымах Мӕ адӕм стут! Фӕдзӕхсын уын, адӕмы рӕгъмӕ куыд хӕссат Мӕ уынаффӕтӕ. Ӕмӕ уӕ Ӕз Мӕ базыры бын бакӕндзынӕн».


Се ’ппӕт дӕр нуӕзтой уыциу монон донӕй — семӕ чи цыди, уыцы монон къӕдзӕхӕй ракӕлгӕ донӕй; уыцы къӕдзӕх та уыди Чырысти.


Мах хъусын кӕнӕм: Хуыцау дунеимӕ Чырыстийы фӕрцы бафидыдта — адӕмӕн ныббарста сӕ тӕригъӕдтӕ. Ӕмӕ фидыды ныхас нӕ бӕрны бакодта.


Бениамины тыххӕй загъта: „Дунедарӕгӕн уарзон чи у, уый ӕдасӕй цӕрдзӕни Хуыцауы раз — Йӕ арм ыл Уый дары кӕддӕриддӕр, йӕ фӕсчъылдым лӕууы“.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ