21 Фӕлӕ ам, Мӕнмӕ ӕввахс, иу бынат ис — слӕуу-ма уым, къӕдзӕхыл.
Уым лӕгӕтмӕ бацыд ӕмӕ дзы бахсӕвиуат кодта. Ӕмӕ мӕнӕ Дунедарӕджы ныхас хъусы: «Ам цы кусыс, Илийа?»
Уӕлӕрвтӕ Хуыцауы кадыл дзурынц, арвы къӕй ӕвдисӕн у Йӕ хъуыддӕгтӕн!
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы архайдмӕ, Йе ’рмдзӕфмӕ сӕ хъус нӕ дарынц. Уый сӕ ныззыгуым кӕндзӕн, сӕхиуыл схӕцын сӕ нал бауадздзӕн.
Ӕрмӕстдӕр мын Хуыцау ратты ӕнцой, Уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн.
Мӕ хуыссӕны дӕр Дӕ ӕрымысын, ӕхсӕвыгон дӕр Демӕ сты мӕ хъуыдытӕ.
уымӕн Мӕ Хӕдзары ныссадздзынӕн цырт ӕмӕ йыл ныффысдзынӕн йӕ ном. Мӕ фырттӕ ӕмӕ Мын Мӕ чызджытӕй суыдзӕни ахсджиагдӕр. Ӕз ын ратдзынӕн, мыггагмӕ чи нӕ фесӕфдзӕн, ахӕм ном.
«Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ фӕндӕгтыл куы цӕуай ӕмӕ Мын иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд тӕрхон кӕндзынӕ Мӕ Кувӕндоны ӕмӕ хъахъхъӕндзынӕ Мӕ кӕртытӕ. Ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн, мӕнӕ ам чи лӕууы, уыдонимӕ Мын лӕггад кӕныныны бар.
Хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ иууылдӕр цыдысты Йесомӕ байхъусынмӕ.
Ды та лӕуу ам, Мӕ цуры, ӕмӕ дын Ӕз фехъусын кӕнон ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ, фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй сын сӕ ды бамбарын кӕнай ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной, цӕрынӕн сын цы бӕстӕ дӕттын, уым“.
Цы сахармӕ лидза, уымӕн-иу раздӕр йӕ кулдуары цур ӕрлӕууӕд ӕмӕ сахары хистӕртӕн йӕ хъуыддаг радзурӕд. Уый фӕстӕ-иу ӕй уыдон сахармӕ бауадзӕнт ӕмӕ йын уым цӕрӕнбынат раттӕнт.