20 Ноджы ма загъта: «Мӕ цӕсгоммӕ ӕрбакӕсын дӕ бон не суыдзӕн. Мӕн фенӕг адӕймагӕн удӕгасӕй баззайӕн нӕй.
Йаков уыцы бынат схуыдта Пенуел, уымӕн ӕмӕ, дам, Хуыцауы федтон ныхӕй-ныхмӕ ӕмӕ удӕгасӕй баззадтӕн.
ӕмӕ федтой Израилы Хуыцауы. Йӕ къӕхты бын уыдис цыдӕр, сапфир-дурӕй астӕрды хуызӕн, арвау сыгъдӕг.
Уый фӕстӕ Моисей, Аарон, Надав, Авигу ӕмӕ Израилы дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз хистӕры ссыдысты хохы сӕрмӕ
Ӕз дӕ фыдӕлты Хуыцау дӕн — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау». Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта: нӕ уӕндыди Хуыцаумӕ кӕсын.
Моисей бахатыди Дунедарӕгмӕ: «Фенын мын кӕн Дӕ кад!»
уӕд Мӕ къух айсдзынӕн, ӕмӕ Мын фендзынӕ Мӕ чъылдым, Мӕ цӕсгом та Мын нӕ фендзынӕ».
Ӕмӕ ӕз загътон: «Додойаг фӕдӕн! Ме сӕфт ӕрцыди! Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йе ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕймаг, стӕй цӕргӕ дӕр кӕнын, се ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ӕз уынын Паддзахы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы!»
Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ нын Ӕй Йӕ иунӕг Фырт — Фыдимӕ иу Чи у ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Чи у, Уый раргом кодта.
Ӕмӕ загътат: „Мӕнӕ нын равдыста Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, Йӕ кад ӕмӕ Йӕ хъомыс. Арты хуылфӕй Йын фехъуыстам Йӕ хъӕлӕс. Абон мах федтам, Хуыцау адӕймагимӕ кӕй дзырдта, ӕмӕ адӕймаг удӕгасӕй кӕй баззади, уый.
Уый у, бацӕуӕн кӕдӕм нӕй, ахӕм рухсы Чи цӕры, адӕмӕй Кӕй ничи федта ӕмӕ фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау. Ӕнӕмӕлгӕ ӕрмӕст Уый у. Йӕ кад ӕмӕ Йӕ паддзахад — ӕнустӕм! Аммен.
Хуыцау Йӕ зӕдтӕй афтӕ кӕд кӕмӕн загъта: «Сбад Мӕ рахизфарс, ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн?»
ӕмӕ йӕ усӕн загъта: «Мах амӕлдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ федтам Хуыцауы».
Уӕд Гедеон бамбӕрста, ӕцӕгӕйдӕр Дунедарӕджы зӕд кӕй уыдис, уый, ӕмӕ ныхъхъӕрзыдта: «О Дунедарӕг! Додойаг фӕдӕн! Ӕз лӕгӕй-лӕгмӕ федтон Хуыцауы зӕды!»