Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 33:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Мӕ зӕды уын арвитдзынӕн уӕ разӕй ӕмӕ фӕсурдзынӕн ханаанӕгты, аморӕгты, хеттӕгты, периззӕгты, хиввӕгты ӕмӕ йевусӕгты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 33:2
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

аморӕгтӕ, ханаанӕгтӕ, гиргашӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгтӕ».


Мӕ фыды уӕзӕгӕй, мӕ райгуырӕн бӕстӕй мӕ Чи рахуыдта ӕмӕ мын мӕ байзӕддагӕн ацы зӕхх раттыныл сомы Чи ракодта, уыцы Дунедарӕг, уӕларвы Хуыцау, дӕ разӕй рарвитдзӕн Йӕ зӕды, цӕмӕй мын уырдыгӕй мӕ фыртӕн ус ӕркӕнай.


ноджы ма йевусӕгтӕ, аморӕгтӕ, гиргашӕгтӕ,


Мӕ зӕды уын ӕрвитын уӕ разӕй, цӕмӕй уӕ хъахъхъӕна фӕндагыл ӕмӕ уӕ бахӕццӕ кӕна, цы бынат уын ӕрцӕттӕ кодтон, уырдӕм.


Ӕмӕ сфӕнд кодтон: цагъары къӕлӕты бын кӕм удхар кӕнут, уыцы Мысырӕй уӕ акӕндзынӕн, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уырдӕм, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхмӕ“.


ӕмӕ ӕрхызтӕн, цӕмӕй сӕ мысырӕгты къухтӕй суӕгъд кӕнон ӕмӕ сӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы сойджын ӕмӕ парахат зӕхмӕ, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхмӕ акӕнон.


Ныр цу ӕмӕ адӕмы акӕн, кӕдӕм дын загътон, уырдӕм. Мӕ зӕд цӕудзӕни дӕ разӕй. Мӕ разы чи фӕтӕригъӕдджын, уыдоны та, бафхӕрыны бон куы ралӕууа, уӕд бафхӕрдзынӕн».


Моисей Дунедарӕгӕн загъта: «Бафӕдзӕхстай мын ацы адӕмы дарддӕр акӕнын, фӕлӕ мын мемӕ кӕй рарвитдзынӕ, уый кой не скодтай. Афтӕ мын куы загътай, дӕ ном дын зонын ӕмӕ Мын ӕхцон дӕ, зӕгъгӕ.


Ӕххӕст кӕнут, абон уын цы фӕдзӕхсын, уый. Уӕ цурӕй уын фӕлидзӕг кӕндзынӕн аморӕгты, ханаанӕгты, хеттӕгты, периззӕгты, хиввӕгты ӕмӕ йевусӕгты.


Ӕцӕгӕлон адӕмты уын фӕлидзын кӕндзынӕн уӕ цурӕй, рапарахат уын кӕндзынӕн уӕ бӕстӕ ӕмӕ уын никуы ничи байсдзӕн уӕ зӕхх, кӕд-иу ӕрвылаз ӕртӕ хатты Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, ӕрлӕууат, уӕд.


Уыцы бон Дунедарӕг Йерусалимы цӕрджытӕн сӕ сӕрыл рахӕцдзӕн, сӕ лӕмӕгъдӕр Давидау стыхджын уыдзӕн. Давиды хӕдзар та, йӕ разӕй чи цӕуы, уыцы Хуыцауы, Дунедарӕджы зӕды ӕнгӕс суыдзӕни.


Цадӕггай фесафдзӕн Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ цурӕй ацы адӕмты, уымӕн ӕмӕ сӕ ӕваст куы скуынӕг кӕнат, уӕд сӕ бынаты хъӕддаг сырдтӕ ӕгӕр сбирӕ уыдзысты.


Сымах ӕрбахызтыстут Иорданыл ӕмӕ бахӕццӕ стут Йерихонмӕ. Уӕ ныхмӕ хӕцын байдыдтой Йерихоны цӕрджытӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, гиргашӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгтӕ, фӕлӕ уын сӕ Ӕз уӕ къухтӕм радтон.


Ноджы ма сын загъта: «Цы диссаг ӕрцӕуа, уымӕй базондзыстут, уе ’хсӕн кӕй ис удӕгас Хуыцау ӕмӕ уын уӕ разӕй кӕй атӕрдзӕн ханаанӕгты дӕр, хеттӕгты дӕр, хиввӕгты дӕр, периззӕгты дӕр, гиргашӕгты дӕр, аморӕгты дӕр, йевусӕгты дӕр.


фервӕзын уӕ кодтон мысырӕгтӕй ӕмӕ уе ’ппӕт знӕгтӕй, уе знӕгты уын атардтон ӕмӕ уын сӕ зӕххытӕ радтон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ