17 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дӕ курдиат дын сӕххӕст кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мын ӕхцон дӕ. Ӕз дын зонын дӕ ном».
Авраам та загъта: «Бардарӕг ма смӕсты уӕд, фӕстаг хатт ма Дӕ, зӕгъын, куы бафӕрсин: ныр дзы дӕс разынди, зӕгъгӕ, уӕд та?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Дӕсы тыххӕй дӕр ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн».
Ды Дӕ цагъары скодтай Дӕ аудыны аккаг, радтай мын стыр хорзӕх: фервӕзын мӕ кодтай. Гъе ӕрмӕст хӕхтӕм балидзын мӕ бон нӕ бауыдзӕни — бӕллӕх мӕ ӕрӕййафдзӕни фӕндагыл, ӕмӕ фесӕфдзынӕн.
Дзуапп ын рардӕуыд: «Ацы хъуыддаг дӕр сараздзынӕн дӕ сӕраппонд: цы сахары кой скодтай, уый нӕ ныппырх кӕндзынӕн.
Иунӕг Ной фӕцыди Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ.
Моисей Дунедарӕгӕн загъта: «Бафӕдзӕхстай мын ацы адӕмы дарддӕр акӕнын, фӕлӕ мын мемӕ кӕй рарвитдзынӕ, уый кой не скодтай. Афтӕ мын куы загътай, дӕ ном дын зонын ӕмӕ Мын ӕхцон дӕ, зӕгъгӕ.
Дӕ къухмӕ ратдзынӕн дунейы мулк, арф ӕмбӕхст хӕзнатӕ. Ӕмӕ уӕд фендзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы Хуыцау, ӕмӕ дӕм дӕ номӕй кӕй дзурын, уый.
Ӕз-иу сӕ фехъусдзынӕн, нӕма-иу Мӕм скувдзысты, афтӕ. Сӕ курдиат-иу нӕма зӕгъдзысты, афтӕ-иу сын ӕй сӕххӕст кӕндзынӕн.
Уӕд Мӕ ницӕмӕйуал фӕрсдзыстут. Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.
Тарстӕн, Дунедарӕг уӕ фыр мӕстӕй куы бабын кӕна, уымӕй. Ӕмӕ та мӕм ацы хатт дӕр байхъуыста Дунедарӕг.
Уӕдӕ уӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кӕнут кӕрӕдзийӕн, кувут кӕрӕдзийы тыххӕй ӕмӕ сӕнӕниз уат. Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывды бон бирӕ у.