Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 33:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Моисей Дунедарӕгӕн загъта: «Бафӕдзӕхстай мын ацы адӕмы дарддӕр акӕнын, фӕлӕ мын мемӕ кӕй рарвитдзынӕ, уый кой не скодтай. Афтӕ мын куы загътай, дӕ ном дын зонын ӕмӕ Мын ӕхцон дӕ, зӕгъгӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 33:12
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авраамы Ӕз уый тыххӕй равзӕрстон, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн ныффӕдзӕхса Дунедарӕджы фӕндагыл цӕуын, раст хъуыддӕгтӕ кӕнын. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ».


Паддзах Цадокӕн загъта: «Хуыцауы Фидыды Чырын фӕстӕмӕ сахармӕ ахӕсс. Йӕ хорзӕхы аккаг мӕ куы скӕна Дунедарӕг, уӕд мӕ фӕстӕмӕ раздахдзӕн ӕмӕ мын фенын кӕндзӕн Фидыды Чырын дӕр ӕмӕ, Чырын кӕм лӕууы, уыцы бынат дӕр.


Уымӕн ӕмӕ рӕстудты фӕндагмӕ Дунедарӕг Йӕ цӕст дары, фыдгӕнджыты фӕндаг та сӕфтмӕ кӕны.


Цӕугӕ уӕдӕ — Ӕз дӕ ӕрвитын фараонмӕ: Мӕ адӕмы Мын, израилӕгты, Мысырӕй ракӕн».


Дунедарӕг федта, Моисей хӕстӕгдӕр бацыд, уый ӕмӕ йӕм къутӕрӕй радзырдта: «Моисей! Моисей!» Уый дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн!»


Ныр цу ӕмӕ адӕмы акӕн, кӕдӕм дын загътон, уырдӕм. Мӕ зӕд цӕудзӕни дӕ разӕй. Мӕ разы чи фӕтӕригъӕдджын, уыдоны та, бафхӕрыны бон куы ралӕууа, уӕд бафхӕрдзынӕн».


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Сыст ардыгӕй, Мысыры зӕххӕй кӕй ракодтай, уыцы адӕмимӕ, ӕмӕ ацӕут, Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн, сомы ракӕнгӕйӕ, сӕ байзӕддагӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхмӕ.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дӕ курдиат дын сӕххӕст кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мын ӕхцон дӕ. Ӕз дын зонын дӕ ном».


Мӕ зӕды уын арвитдзынӕн уӕ разӕй ӕмӕ фӕсурдзынӕн ханаанӕгты, аморӕгты, хеттӕгты, периззӕгты, хиввӕгты ӕмӕ йевусӕгты.


ӕмӕ загъта: «О Бардарӕг! Кӕд мӕ Дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд немӕ рацу! Ацы адӕм хиваст сты, фӕлӕ нын ныббар нӕ азым, нӕ тӕригъӕдтӕ! Скӕн нӕ Дӕ исбон!»


Фӕлӕ уын ныр, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, уе сфӕлдисӕг Дунедарӕг зӕгъы: «Ма тӕрсут, Ӕз уӕ ссӕрибар кӕндзынӕн! Ӕз уӕм басидтӕн уӕ номӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕн стут!


Дӕ къухмӕ ратдзынӕн дунейы мулк, арф ӕмбӕхст хӕзнатӕ. Ӕмӕ уӕд фендзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы Хуыцау, ӕмӕ дӕм дӕ номӕй кӕй дзурын, уый.


«Мады гуыбыны дӕ нӕма сӕвзӕрын кодтон, афтӕ дӕ равзӕрстон, гуырд нӕма уыдтӕ, афтӕ дӕ адӕмтӕн пехуымпарӕй сӕвӕрдтон».


Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕд уемӕ кӕй сарӕзтон, уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ. Мӕ Уд уе ’хсӕн ис. Ма тӕрсут!“


Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хуыцау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕдӕй йӕхи хизӕд».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ