31 Аздӕхти Дунедарӕгмӕ ӕмӕ Йын загъта: «О Дунедарӕг! Ацы адӕм стыр тӕригъӕд ракодтой. Сӕхицӕн сыгъзӕринӕй скодтой хуыцау.
Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Ӕнаипп Дӕ Ды! Уымӕн ӕмӕ мах абоны онг сӕрӕгас стӕм ӕмӕ не ’наккаг митимӕ Дӕ разы лӕууӕм, афтӕмӕй та нын ахӕм миты фӕстӕ хъуамӕ Дӕ разы лӕууӕн ма уаид».
Кӕд сӕхицӕн джиппы рауагътой уӕныджы ӕмӕ загътой, мӕнӕ нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы хуыцау, зӕгъгӕ, ӕмӕ кӕд ӕвирхъау цъыфкалӕн кодтой,
Цыдӕриддӕр ныл ӕрцыд, уыдӕттӕй ды раст уыдтӕ, уымӕн ӕмӕ Ды уыдтӕ иузӕрдион, мах та фыдракӕндтӕ фӕкодтам.
Ма аразут уӕхицӕн ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин хуыцӕуттӕ ӕмӕ сӕ Мӕ разы ма ӕвӕрут.
Дӕхицӕн ма араз кӕрдгӕнывтӕ: нӕдӕр уӕле, арвыл цы ис, нӕдӕр дӕле — зӕххыл, нӕдӕр доны мидӕг — зӕххы бын цы ис, уыдоны фӕлгонцтӕ.
Дыккаг бон Моисей адӕмӕн афтӕ: «Стыр тӕригъӕд ракодтат. Цӕуон ӕмӕ ссӕуон Дунедарӕгмӕ, кӕд уӕ сраст кӕнин».
Моисей Дунедарӕджы раз фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы. Нӕдӕр къӕбӕры хъӕстӕ фӕци, нӕдӕр — доны хъӕстӕ. Къӕйдуртыл ныффыста Фидыды ныхӕстӕ — дӕс фӕдзӕхсты.
Ӕгас Израил дӕр Дӕ Ӕгъдауы сӕрты ахызт, цӕмӕй Дӕм ма хъуса. Ӕмӕ ныл уӕд, Хуыцауы лӕггадгӕнӕджы, Моисейы Ӕгъдауы цы ’лгъыстытӕ фыст ис, уыдон ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стӕм Хуыцауы раз.
Мах фӕтӕригъӕдджын ӕмӕ фӕазымджын стӕм Дӕ разы: знӕт ӕмӕ хивӕнд уыдыстӕм, Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Дын Дӕ уагӕвӕрдтӕ не ’ххӕст кодтам.
О Дунедарӕг! Фидиссаг фесты нӕ сӕртӕ! Фидиссаг фӕуӕнт нӕ паддзӕхтӕ, не ’лдӕрттӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стӕм Дӕ разы.