28 Левийы байзӕддӕгтӕ бакодтой, Моисей сын куыд загъта, афтӕ, ӕмӕ уыцы бон адӕмӕй фӕцагъды ис ӕртӕ мины бӕрц.
Моисей сын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау. Алчидӕр уӕ йӕ кард райсӕд ӕмӕ рӕсӕнуатыл ӕрзилӕд иу дуарӕй иннӕ дуары онг, ӕмӕ уӕ алчидӕр амарӕд йе ’фсымӕры, йе ’мбалы, йӕ хионы».
Моисей сын ноджы загъта: «Ацы бон сымах уӕхи снывонд кодтат Дунедарӕгӕн уазлӕггад кӕнынӕн: ничи уӕ бавгъау кодта Уымӕн йӕ фырты дӕр ӕмӕ йе ’фсымӕры дӕр, ӕмӕ Дзы арфӕгонд стут!»
Дунедарӕг Израилы адӕмы бафхӕрдта, Аарон сын цы уӕныг скодта, уый тыххӕй.
Дыккаг бон дзыллӕ Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ сыстадысты. Азымджын сӕ кодтой израилӕгтӕ: «Сымах Дунедарӕджы ӕвзӕрст адӕмы амардтат!»
Пинхас, Елеазары фырт, сауджын Аароны фырты фырт, уый куы федта, уӕд адӕмы ’хсӕнӕй сыстад ӕмӕ арц райста.
Израилӕгты исбонӕй куы дӕттат левиттӕн сахартӕ, уӕд, фылдӕр кӕмӕ ис, уымӕй фылдӕр исут, къаддӕр кӕмӕ ис, уымӕй — къаддӕр. Алчи йӕ хаймӕ гӕсгӕ хъуамӕ ратта йӕ сахартӕй левиттӕн».
Нӕхи бахизӕм хӕтынӕй, уыдонӕй бирӕтӕ хӕтыныл куыд бафтыдысты, афтӕ. Уый тыххӕй дзы иу бонмӕ ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз мины фӕмард.
Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕй, нӕ сӕ зонын, зӕгъгӕ, чи дзуры, йе ’фсымӕры чи нӕ нымайы, йӕ цоты чи нӕ хъуыды кӕны, уыдонӕн Дӕ дзырд сӕйрагдӕр у, Дӕ Фидыдӕй сын зынаргъдӕр ницы ис.