26 Рӕсӕнуаты дуарыл ӕрлӕууыди Моисей ӕмӕ загъта: «Дунедарӕджы фарс чи у, уыдон-ма мӕ размӕ рацӕуӕнт!» Левийы байзӕддӕгтӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты йӕ размӕ.
Йоавы хӕстонтӕй иу Амасайы марды уӕлхъус ӕрлӕууыд ӕмӕ дзырдта: «Йоавы чи нымайы ӕмӕ Давиды фарс чи хӕцы, уый Йоавы фӕдыл рацӕуӕд!»
Йегу рудзынгмӕ скасти ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Мӕ чапартӕ, кӕм стут?» Дыууӕ ӕви йӕм ӕртӕ евнухы ракасти рудзынгӕй.
Моисей федта: адӕм сӕхи фӕнд атардтой, ӕмӕ сын Аарон сӕ ных нӕ бакъуырдта, фӕлӕ сӕ фыдгулты цӕсты бафтыдта.
Моисей сын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау. Алчидӕр уӕ йӕ кард райсӕд ӕмӕ рӕсӕнуатыл ӕрзилӕд иу дуарӕй иннӕ дуары онг, ӕмӕ уӕ алчидӕр амарӕд йе ’фсымӕры, йе ’мбалы, йӕ хионы».
Мемӕ чи нӕй, уый Мӕ ныхмӕ у, ӕмӕ Мемӕ чи не ’мбырд кӕны, уый сафгӕ кӕны.
Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕй, нӕ сӕ зонын, зӕгъгӕ, чи дзуры, йе ’фсымӕры чи нӕ нымайы, йӕ цоты чи нӕ хъуыды кӕны, уыдонӕн Дӕ дзырд сӕйрагдӕр у, Дӕ Фидыдӕй сын зынаргъдӕр ницы ис.
Иуахӕмы Йерихонмӕ хӕстӕг Йешуа кӕсы, ӕмӕ йӕ фӕндагыл кардӕлвӕстӕй лӕг лӕууы. Йешуа йӕм бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Нӕ хӕлар дӕ ӕви не знаг?»