25 Моисей федта: адӕм сӕхи фӕнд атардтой, ӕмӕ сын Аарон сӕ ных нӕ бакъуырдта, фӕлӕ сӕ фыдгулты цӕсты бафтыдта.
Уый Йын дзуапп радта: «Дӕ къахдзӕфтӕ дын куы айхъуыстон дыргъдоны, уӕд фыр тӕссӕй бамбӕхстӕн, уымӕн ӕмӕ бӕгънӕг дӕн».
Паддзах бауынаффӕ кодта ӕмӕ скӕнын кодта дыууӕ сыгъзӕрин уӕныджы, стӕй адӕмӕн загъта: «Йерусалиммӕ цӕуыны сӕр уӕ нал хъӕуы, Израилы адӕм. Мӕнӕ уын, Мысыры зӕххӕй уӕ чи ракодта, уӕ уыцы Хуыцауы фӕлгонцтӕ!»
Израилы адӕмы ныууадздзӕн Йоровамы тӕригъӕдты тыххӕй, стӕй, Йоровам йӕ адӕмы тӕригъӕды азымы кӕй баппӕрста, уый тыххӕй».
Афтӕ фегад кодта Дунедарӕг Иудейы адӕмы, Израилы паддзах Ахаз се ’нӕуаг митыл кӕй бафтыдта ӕмӕ Дунедарӕгыл иузӕрдион кӕй нал уыди, уый тыххӕй.
Рӕсӕнуаты дуарыл ӕрлӕууыди Моисей ӕмӕ загъта: «Дунедарӕджы фарс чи у, уыдон-ма мӕ размӕ рацӕуӕнт!» Левийы байзӕддӕгтӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты йӕ размӕ.
Пехуымпартӕ рагуацтӕ куынӕуал фӕуынынц, уӕд адӕм, ӕфсарм цы у, уый ферох кӕнынц; Хуыцауы ’гъдау чи ӕххӕст кӕны, уый тӕхудиаг у.
Уадз ӕмӕ дӕ буар разына, ӕмӕ дын дӕ худинаг уыной. Ӕз Мӕ маст райсдзынӕн, никӕуыл бацауӕрддзынӕн».
Ӕз дын ныббардзынӕн, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕ, ӕмӕ сӕ уӕд ӕрымысдзынӕ ӕмӕ ныфсӕрмы уыдзынӕ, ӕмӕ фыр ӕфсӕрмӕй дӕ дзых байгом кӕнын дӕр нал бафӕраздзынӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Сау мӕры чи бафынӕй, уыдонӕй бирӕтӕ райхъал уыдзысты: иутӕ — мыггагмӕйы цард райсынӕн, иннӕтӕ та — ӕнусон худинаг ӕмӕ ӕрдиагӕн.
Науӕд ӕй Ӕз, йӕ райгуырды бон куыд уыди, афтӕ мадард бӕгънӕг скӕндзынӕн ӕмӕ йӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, доны ’ртах ӕм нал ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дойныйӕ мӕлдзӕни.
Шафиры цӕрджытӕ! Ӕгадӕй ӕмӕ бӕгънӕгӕй ӕцӕгӕлон бӕстӕм ацӕут! Цаананы цӕрӕг нӕ алидздзӕнис; Бет-Ха-Эцелӕй хъарӕг хъуысы, фӕлӕ ӕххуыс нӕ фендзысты.
Ӕмӕ уын уый цы ӕрхаста? Ӕмхиц уыдыстут, ныртӕккӕ ӕфсӕрмы кӕмӕй кӕнут ӕмӕ фӕстагмӕ мӕлӕтмӕ чи ӕркӕны, ахӕм митӕм.
Кӕддӕр ма Ааронмӕ дӕр афтӕ смӕсты ис Дунедарӕг, фесафынмӕ йӕ хъавыд, ӕмӕ ӕз Аароны тыххӕй дӕр афтӕ куывтон уӕд.
«Мӕнӕ фӕцӕуын хуыснӕгау. Тӕхудиаг у, ӕдзух цӕттӕ чи у, бӕгънӕгӕй куыд нӕ цӕуа ӕмӕ йын йӕ худинаг куыд мачи фена, йӕ дарӕс афтӕ сыгъдӕгӕй чи дары, уыцы адӕймаг».