22 Аарон ын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, ме ’лдар, ма мӕсты кӕн. Ацы адӕм фыд ракӕнынмӕ ӕмхиц сты, уый зоныс.
Уӕд Иудӕ Йосефмӕ ӕввахс бацыд ӕмӕ йӕм бахатыди: «Дӕ хорзӕхӕй, ме ’лдар, дӕ цагъарӕн ныхасы бар ратт. Фараоны ӕмсӕр дӕ ӕмӕ ма смӕсты у дӕ цагъармӕ.
Дунедарӕгмӕ удӕнцой агур, ӕмӕ дын Уый сӕххӕст кӕндзӕн дӕ зӕрдӕйы бӕллицтӕ.
Моисейӕн бустӕ кодтой: «Мысыры нын баныгӕнӕн нӕ уыд, ӕдзӕрӕг быдырмӕ нӕ мӕлынмӕ куынӕ ракодтаис, уӕд? Цы нын бакуыстай, цӕмӕн нӕ ракодтай Мысырӕй?
Адӕм хъуыр-хъуыр кодтой Моисейыл: «Цы бануазӕм?»
Фӕлӕ йӕм нӕ байхъуыстой. Чидӕртӕ дзы ныууагътой райсоммӕ, ӕмӕ сын скӕлм ӕмӕ сысмаг ис, ӕмӕ сӕм уый тыххӕй Моисей смӕсты.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Кӕдмӕ уӕхи тигъ кӕндзыстут Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтыл?
Израилы адӕм бынӕй бирӕ фенхъӕлмӕ кастысты Моисейы ӕрыздӕхынмӕ хохӕй. Куынӕ ӕмӕ куынӕ зындис, уӕд ӕрӕмбырд сты Ааронмӕ ӕмӕ дзы ӕрдомдтой: «Нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцау нын сараз, науӕд нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы лӕг — Моисей — цы баци, уымӕн ницы зонӕм».
Моисей Аароны фӕрсы: «Ацы адӕм дын цы ракодтой, цӕмӕн сӕ баппӕрстай ахӕм стыр тӕригъӕды?»
Уыдон исты фыдбылыз куынӕ саразой, уӕд сыл ӕхсӕв хуыссӕг нӕ хӕцы, искӕмӕн знаггад куынӕ ракӕной, уӕд ӕхсӕвыгон фынӕй нӕ кӕнынц.
уымӕн ӕмӕ ӕз хорз зонын, куыд хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон стут, уый. Цалынмӕ удӕгас дӕн ӕмӕ уемӕ дӕн, уӕдмӕ кӕм нӕ уисӕн кӕнут Дунедарӕгӕн, уым ма, куы амӕлон, уӕд та цы уыдзӕни?
Куы уӕ зонын, уӕдӕй нырмӕ нӕ кӕсут Дунедарӕджы коммӕ!
Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕдзӕрӕг быдыры куыд мӕсты кодтат, уый уӕ рох ма уӕд. Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕдӕй абонмӕ, цалынмӕ ардӕм не ’рбацыдыстут, уӕдмӕ, Дунедарӕджы ныхмӕ лӕууыдыстут.
Саул ын дзуапп радта: «Амалекӕгтӕй сӕ ӕрбатардтой адӕм. Фыстӕ ӕмӕ стуртӕн сӕ хуыздӕртыл бацауӕрстой, цӕмӕй сӕ Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, ӕрхӕссой нывондӕн. Иннӕты се ’ппӕты дӕр ныццагътам».
Цӕгъдинаг фыстӕ ӕмӕ стуртӕн та адӕм сӕ хуыздӕртӕ уый тыххӕй райстой, цӕмӕй сӕ Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, нывондӕн ӕрхӕссой Гилгалы».
Саул загъта Самуелӕн: «Аххосджын дӕн ӕз — нӕ сӕххӕст кодтон Дунедарӕджы фӕдзӕхст ӕмӕ дӕ дзырд. Адӕмӕй фӕтарстӕн ӕмӕ сӕм байхъуыстон.