Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 32:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Рӕсӕнуатмӕ куы ӕрӕввахс сты, уӕд Моисей федта уӕныг, федта кафӕг адӕмы. Йӕ маст рафыхти Моисейӕн ӕмӕ, йӕ къухы цы къӕйдуртӕ уыд, уыдон хохы рӕбын зӕххыл ныццавта, ӕмӕ ныппырх сты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 32:19
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид, йӕ уӕлӕ сауджыны кӕттаг ефод, афтӕмӕй Дунедарӕджы раз йӕ кафынӕй нал ӕнцад.


Уӕд пехуымпар Мариам, Аароны хо, йӕ къухмӕ ӕрбайста дала, ӕмӕ йемӕ сӕ далатимӕ кафгӕ рацыдысты ӕппӕт сылгоймӕгтӕ дӕр.


Фӕлӕ Моисей лӕгъстӕ кӕнын байдыдта Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг! Цӕй тыххӕй судзы Дӕ маст Дӕ адӕммӕ — Мысыры зӕххӕй Де стыр хъару, Де стыр хъомысы фӕрцы кӕй ракодтай, уыдонмӕ?


Моисей йын афтӕ: «Уый нӕдӕр уӕлахиздзауты хъӕр уыдзӕни, нӕдӕр — бӕрзӕйсаст адӕмы ӕрдиаг. Зарын уайы мӕ хъустыл».


Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста: «Ӕрцамай дыууӕ къӕйдуры — кӕй асастай, уыдоны халдихтӕ. Ӕз сыл ныффысдзынӕн, фыццӕгтыл цы ныхӕстӕ ныффыстон, уыдон.


Сӕ фыдӕлты сын, сӕ къухтыл хӕцгӕйӕ, Мысырӕй куы ракодтон, уӕд семӕ кӕй сарӕзтон, ахӕм фидыд нӕ. Кӕд Ӕз сӕ Бардарӕг уыдтӕн, уӕддӕр уыдон уыцы фидыд фехӕлдтой, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Нӕ зӕрдӕты куы амард цин, нӕ кафт куы раивта кӕуынӕй!


Мӕ иннӕ лӕдзӕг — фидыд, уый дӕр асастон, цӕмӕй Иудӕ ӕмӕ Израилы ’хсӕн ӕфсымӕрдзинад фехалон.


Моисейы хуызӕн сабыр адӕймаг та зӕххыл нӕ уыд.


Ӕз та уын зӕгъын: суанг йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый дӕр дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн, «ницӕйаг дӕ», зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; «ӕнӕзонд» ӕй чи рахона, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт.


Йесо уый куы федта, уӕд смӕсты ис ӕмӕ сын загъта: «Уадз ӕмӕ Мӕм сабитӕ цӕуой, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ уыцы сывӕллӕтты хуызӕн чи у, Хуыцауы Паддзахад уыдоны у.


Йесо сыл тызмӕгӕй Йӕ цӕст ахаста, дурзӕрдӕ кӕй сты, ууыл хъыггӕнгӕйӕ. Ӕмӕ загъта цӕнкуылӕн: «Дӕ къух-ма ӕрбадар». Уый йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх ис.


Ма ут мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, уыдонӕй сын бирӕтӕ куыд куывтой, афтӕ; Сыгъдӕг Фыст уыдоны тыххӕй зӕгъы: «Адӕм ӕрбадтысты хӕрд ӕмӕ нозтыл, стӕй сыстадысты ӕмӕ хъазт сарӕзтой».


«Уӕ масты фӕдыл ма цӕут ӕмӕ уӕхимӕ тӕригъӕд ма исут»: дӕ мастӕй фервӕз, цалынмӕ хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ;


Къӕйдуртыл Ӕз ногӕй ныффысдзынӕн, кӕй асастай, уыцы къӕйдуртыл цы ныхӕстӕ фыст уыди, уыдон, ӕмӕ сӕ ды Чырыны нывӕрдзынӕ“.


„Ӕлгъыст фӕуӕд, ацы Ӕгъдау чи нӕ нымайа ӕмӕ йын йӕ алы ныхас дӕр чи не ’ххӕст кӕна, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ